Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Экклесиаст 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕз архайдтон бамбарын ӕмӕ басгарын: рӕстудтӕ ӕмӕ куырыхонтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сты Хуыцауы къухы; адӕймаг нӕ фӕзоны, уарзт ӕви йӕм фыдӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

2 Алкӕуыл дӕр алцыдӕр ӕрцӕуы: рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыныл; сыгъдӕг ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, ууыл; нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи нӕ хӕссы, уыдоныл; сомыгӕнджытыл ӕмӕ, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уыдоныл.

3 Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.

4 Фӕлӕ удӕгӕстӕн ис зӕрдӕдарӕн: удӕгас куыдз мард домбайӕ хуыздӕр у!

5 Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.

6 Сӕ уарзт, сӕ фыдӕх ӕмӕ сӕ монцтӕ фӕцыдӕр сты, зӕххон цӕрджытимӕ сын ӕнусмӕ иумӕйагӕй ницыуал ис.

7 Уӕдӕ хъӕлдзӕгӕй дӕ хойраг хӕр ӕмӕ цингӕнгӕйӕ сӕн нуаз, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у.

8 Райдзаст дарӕсты цу, дӕ сӕрмӕ-иу сойӕ базил.

9 Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг.

10 Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.

11 Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.

12 Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.

13 Куырыхон зонды иу дӕнцӕг ма федтон зӕххыл, тынг ахсджиаг у, мӕнмӕ гӕсгӕ.

14 Иу сахары царди чысыл адӕм. Иу тыхджын паддзах сахармӕ ’рбабырста ӕмӕ йӕ алыварс ӕрхъула кодта.

15 Сахары иу мӕгуыр, фӕлӕ куырыхон лӕг разынд ӕмӕ йӕ куырыхон зонды фӕрцы сахар фервӕзын кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сахары хъуыдыгӕнӕг нӕ уыди.

16 Ӕмӕ загътон: куырыхондзинад хъаруйӕ хуыздӕр у, фӕлӕ мӕгуыр лӕджы куырыхон зонд нымады дӕр никӕмӕ у, йӕ ныхӕстӕм ын ничи хъусы.

17 Куырыхон лӕджы сабыр ныхасмӕ хъусын, хицау ӕдылыты ’хсӕн куыд хъӕр кӕны, уымӕ хъусынӕй хуыздӕр у.

18 Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan