Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Экклесиаст 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Куырыхонимӕ кӕй абардзынӕ? Алцы дын уый хуызӕн чи бамбарын кӕндзӕн? Куырыхоны цӕсгом рухс у, Ӕппӕтхъомыс ын йӕ цӕсгомы хуыз ивы.

2 Ӕз афтӕ зӕгъын: байхъус паддзахы фӕдзӕхстмӕ, афтӕмӕй Хуыцауы раз дӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕ.

3 Паддзахы цурӕй ацӕуыныл тагъд ма кӕн, галиу хъуыддӕгты дӕхи ма тъысс, уымӕн ӕмӕ паддзах, цы йӕ фӕнда, уый бакӕндзӕн,

4 ничи йын зӕгъдзӕн, цы кусыс, зӕгъгӕ.

5 Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.

6 Алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи афон ӕмӕ тӕрхон, уымӕн ӕмӕ адӕмы фыдракӕндтӕ уӕззау сты.

7 Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?

8 Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.

9 Ӕз хъуыды кодтон ацы дунейыл; иутӕ ам ӕдзухдӕр хицӕуттӕ сты, иннӕтӕ та сын хъуамӕ сӕхи фыдӕнӕн коммӕгӕс уой. Иу адӕймаг иннӕмӕн хицау куы свӕййы, уӕд ӕй хъизӕмарӕй фӕмары.

10 Ӕз федтон, фыдгӕнджыты кадимӕ куыд ныгӕдтой, уый. Адӕм куыддӕр уаз бынатӕй раздӕхынц, афтӕ фыдгӕнджытӕн, фыдбылызтӕ цы сахары арӕзтой, уым сӕ кой ферох вӕййы. Уыдӕттӕ дӕр тагъд аивгъуыйынц!

11 Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.

12 Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты.

13 Тӕригъӕдджын та хорзӕй ницы фендзӕнис, аууонау фӕцыдӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ никуы тарст Хуыцауӕй.

14 Ис зӕххыл, чи аивгъуыйы, ахӕм хъуыддаг: алцы тагъд кӕрӕдзийы ивы, раст лӕджы баййафы фыдгӕнӕджы азар, фыдгӕнӕг та, рӕстуд цӕй аккаг уыд, уый ӕвзары. Ногӕй та зӕгъын: «Алцыдӕр ивгӕ кӕны, алцыдӕр тагъд аивгъуыйы!»

15 Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы ’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.

16 Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын.

17 Ӕз федтон Хуыцауы хъуыддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ загътон: адӕймаг, зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ никуы бамбардзӕн, цыфӕнды куырыхон куы уа, уӕд дӕр. Алцы зонын, зӕгъгӕ, куы дзура, уӕддӕр уымӕн афтӕ уӕвӕн нӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan