Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Экклесиаст 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.

2 Лӕг бирӕ цӕуылдӕрты куы фӕтыхсы, уӕд фынтӕ фӕуыны, афтӕ ӕдылы дӕр йӕ бирӕдзурагӕй бӕрӕг дары.

3 Хуыцауы раз дзырд куы раттай, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кӕн. Хуыцау ӕдылытыл нӕ ауды, лӕг хъуамӕ йӕ ныхасӕн хицау уа.

4 Дӕ ныхас нӕ сӕххӕст кӕныны бӕсты, фӕлтау дӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп ма суадз;

5 де ’взаджы тыххӕй тӕригъӕды куы бахауай, уӕд Хуыцауы минӕвары раз дӕхи ма раст кӕн. Дзырд радтон, фӕлӕ уымӕй фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, ма мӕсты кӕн Хуыцауы, науӕд дын дӕ хъуыддаг фехалдзӕн.

6 Бирӕ сӕнттӕй, уддзӕфау цы хъуыддӕгтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, уыдонӕй бирӕ ныхӕстӕ райгуыры, фӕлӕ ды тӕрс Хуыцауӕй!

7 Кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр мӕгуыр лӕджы ’фхӕрдӕн, рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон ссӕст кӕй цӕуынц, уымӕн ӕвдисӕн куы суай, уӕд-иу ма бадис кӕн. Алы хицауӕн дӕр ис уӕлдӕр хицау, сӕ дыууӕйы сӕрмӕ та — ноджы стырдӕр.

8 Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.

9 Ӕхца чи уарзы, уымӕн фаг никуы уыдзысты, хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уымӕн йӕ зыд зӕрдӕ нӕ бафсӕддзӕн. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты!

10 Бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд дӕ алыварс, чи дын ӕй хӕра, ахӕмтӕ бирӕ фӕзындзӕн. Цы пайда ис хъӕздыг лӕгӕн йӕ мулкӕй? Дӕ исбон цас фылдӕр кӕна, уыйас фӕлхасгӕнджытӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕндзысты.

11 Кусӕг лӕг чысыл бахӕра ӕви бирӕ — алкӕддӕр адджын фынтӕ уыны, хъӕздыгӕн та фыр ӕфсӕстӕй йӕ хуыссӕг фӕлидзы.

12 Иу ӕнамонд хъуыддаг бафиппайдтон зӕххыл: хъӕздыг йӕ мулк йӕхи фыдбылызӕн фембырд кӕны,

13 фӕлӕ йӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал вӕййы, йӕ мулк ӕрбайсӕфы, ӕмӕ йӕ фыртӕн бынтӕ нӕ ныууадзы.

14 Мады гуыбынӕй бӕгънӕгӕй рацыд, ӕмӕ дунейӕ дӕр афтӕмӕй ацӕуы, йӕ исбонӕй йемӕ ницы ахӕссы.

15 Уый стыр бӕллӕх у — гуыргӕ куыд ракӕны, мӕлгӕ дӕр афтӕ. Уӕд ма дзӕгъӕлы цӕуыл фӕтухӕн кӕны, йӕ тухӕнтӕ йын дымгӕ куы ныффӕйлауы?

16 Цӕрӕнбонты хӕры талынджы, бирӕ хӕрамдзинад, рыст ӕмӕ зӕрдӕхудтытӕ бавзары.

17 Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у.

18 Хуыцау искӕмӕн хъӕздыгдзинад куы ратты, йӕ къухвӕллойыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг куы вӕййы, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Хуыцау стыр лӕвар ракодта.

19 Ахӕм адӕймаг йӕ ивгъуыдыл арӕх нӕ хъуыды кӕны, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг кодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan