Экклесиаст 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн». 2 Ӕз загътон: «Худын та цы у? Ӕррадзинад ӕрмӕстдӕр, ирхӕфсӕнтӕй ницы пайда ис». 3 Лӕгӕн йӕ амонд цӕй мидӕг ис, цы чысыл азтӕ рацӕры, уыдоны дӕргъы цы хъуамӕ куса, уый базонын мӕ бафӕндыд. Мӕ зонд мӕхимӕ уыд, фӕлӕ зондцухты бафӕзмын сфӕнд кодтон ӕмӕ сӕныл фӕцахуыр дӕн. 4 Стыр хъуыддӕгтӕ мын бантысти: мӕхицӕн хӕдзӕрттӕ самадтон, скодтон сӕндӕттӕ, 5 дыргъдӕттӕ ӕмӕ хъӕды къохтӕ, дыргъджын бӕласӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон дзы ӕрзайын кодтон, 6 донуӕттӕ сын сарӕзтон. 7 Ӕлхӕд цагъартӕ, усӕй, лӕгӕй, стӕй, мӕ хӕдзары чи райгуырд, ахӕм ӕххуырстытӕ мӕм бирӕ уыд. Стурвос ӕмӕ фысвос мӕнмӕ цас уыди, уый бӕрц Йерусалимы цӕрджытӕй никуы никӕмӕ уыд. 8 Алы бӕстӕтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ хӕзна дуртӕ ӕрӕмбырд кодтон; уыдис мӕм зарӕггӕнджытӕ, алы уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ, Адамы фырттӕ сӕхи кӕмӕй буц кӕнынц, уыдон — устытӕ ӕмӕ номылустӕ. 9 Ахӕм номдзыд, хъӕздыг ӕмӕ куырыхон лӕг Йерусалимы никуыма уыди. 10 Цӕмӕфӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн. 11 Ме ’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис». 12 Зондджын ӕдылыйӕ ӕмӕ зондцухӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый базонын мӕ бафӕндыд. Уыцы хъуыддӕгты паддзахӕн йӕхицӕй дарддӕр ничи ацӕудзӕн, искӕмӕн ӕй йӕ бон бафӕзмын у ӕрмӕстдӕр. 13 Ӕз бамбӕрстон: рухс ӕмӕ тар кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, афтӕ зондджын дӕр ӕдылыйӕ хицӕн кӕны. 14 Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у. 15 Мӕхинымӕр загътон: «Уӕдӕ ахӕм куырыхон цӕмӕн сдӕн? Мӕнмӕ дӕр ӕмӕ ӕдылымӕ дӕр иу фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы». Ӕмӕ та загътон: «Куырыхондзинад дӕр аивгъуыйы». 16 Ӕдылыйы дӕр ӕмӕ зондджыны дӕр ничи мысы ӕнусмӕ, фидӕны сӕ дыууӕйы дӕр ферох кӕндзысты. Уӕдӕ, цымӕ, афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕдылыйау куыд ӕрбамӕлы? 17 Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу! 18 Цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон мын ӕнӕуынон систы, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстон: куы амӕлон, уӕд мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр искӕмӕн баззайдзысты. 19 Ӕмӕ йӕ чи зоны, ӕдылымӕ ӕви зондджынмӕ ’рхаудзысты, уый? Мӕ тухӕнты ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы мӕ къухы цы фӕллӕйттӕ бафтыд, уыдонӕн ӕндӕр исчи хицау суыдзӕн. Фӕлӕ та уыдон дӕр аивгъуыйдзысты! 20 Мӕ ныфс асаст, мӕ фӕллӕйттӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттыл куы хъуыды кодтон, уӕд. 21 Уый бӕрц фӕтухӕнтӕ кӕн, дӕ зонд, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ арӕхстдзинад ма бавгъау кӕн, ӕмӕ стӕй дӕ фӕллӕйтӕ кӕмӕндӕр лӕвар баззайӕнт. Ӕмӕ та уый фӕстӕ уыдӕттӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый стыр бӕллӕх у! 22 Цы пайда ис лӕгӕн йӕ куыстӕй, йе ’ппӕт тухӕнтӕй? 23 Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы. 24 Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у. 25 Ӕмӕ уӕдӕ чи хъуамӕ хӕра ӕмӕ цин кӕна мӕ бӕсты? 26 Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia