Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Экклесиаст 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕвзонджы бонтӕй ма рох кӕн, Сфӕлдисӕгимӕ дӕ сӕмбӕлын кӕй хъӕуы, уый, науӕд фидӕны фӕсмон кӕндзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: «Бафӕлладтӕн цардӕй!»

2 Уӕд хур, мӕй ӕмӕ стъалыты рухс нал фендзынӕ, къӕвда нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ фӕстӕмӕ мигътӕй дӕхи ӕмбӕхсдзынӕ.

3 Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты, тыхджынтӕ фӕкӕлдзысты, куыройгӕстӕ сӕ куыст ныууадздзысты, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар фӕкъаддӕр уыдзысты; рудзгуытӕй чи кӕсы, уыдон ницыуал фендзысты.

4 Уынгмӕ цы дуӕрттӕ цӕуынц, уыдон ӕхгӕд ӕрцӕудзысты, куыройы фыдтӕн сӕ зилын нал хъуысдзӕн. Ахӕм адӕймаг-иу мӕргъты уастӕй дӕр фехъал уыдзӕн сӕумӕрайсом, фӕлӕ зарӕджы зӕлтӕ нал фехъусдзӕн.

5 Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.

6 Ӕвзист рӕхыс куы ’рбаскъуына, сыгъзӕрин кӕхц куы ’рбасӕтта, суадоны былыл дурын куы ныппырх уа, цъайы сӕрмӕ донисӕн хъӕд куы асӕтта,

7 уӕд, зӕххӕй цы рыг ист ӕрцыд, уый фӕстӕмӕ зӕххыл бафтдзӕн, уд та, Чи йӕ радта, уыцы Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.

8 Алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы, — зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, — алцыдӕр аивгъуыйы!

9 Хуыцауы ныхас амонӕг куырыхон лӕг уыди, адӕмӕн-иу зонд амыдта; алцыдӕр бафӕлвӕрдта ӕмӕ басгӕрста, бирӕ ӕмбисӕндтӕ ныффыста.

10 Хуыцауы ныхас амонӕг архайдта аив ныхӕстӕ ссарыныл, ӕмӕ, ӕцӕгдзинад цы дзырдты ис, уыдон ныффыста раст.

11 Куырыхонты ӕмбисӕндтӕ — фос тӕрӕджы лӕдзӕджы ӕнгӕс, хост зӕгӕлтау адӕймаджы зӕрдӕйы ахизынц. Чи сӕ фыста, уыдоны иу Фыййау рарвыста.

12 Мӕ лӕппу, уыдонӕй фӕстӕмӕ цы ис, уыдӕттӕй дӕхи хиз. Бирӕ чингуытӕ ныффыссыныл куы архайай, уӕд сын кӕрон нӕ уыдзӕни, бирӕ кӕсынӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад сӕфгӕ кӕны.

13 Ныр ӕппӕт адӕттӕм куы байхъуыстай, уӕд дын мӕнӕ мӕ ныстуан: кад кӕн Хуыцауӕн ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕй ӕндӕр ницы баззайы ӕнусмӕ.

14 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алы хъуыддагӕн, уыимӕ — сусӕг хъуыддӕгтӕн, хорзӕй, ӕвзӕрӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan