Экклесиаст 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мард бындзытӕй хӕрздӕфгӕнӕн дӕр сысмаг вӕййы; кадджын ӕмӕ куырыхон лӕг иу чысыл куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ куырыхон зонд дӕр ӕмӕ йӕ кад дӕр ӕнӕпайда фӕвӕййынц. 2 Куырыхоны зӕрдӕ раст фӕндаг равзарыныл архайы, зондцух цӕуы галиу фӕндӕгтыл. 3 Зондцух фӕндагыл куы фӕцӕйцӕуы ӕмӕ йын алы хъуыддаджы дӕр зонд фаг куы нӕ фӕкӕны, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’дылыдзинад раргом вӕййы. 4 Дӕ паддзах дӕм куы смӕсты уа, уӕд дӕ куыстӕй ма алидз; сӕрныллӕгӕн бирӕ рӕдыдтӕ ныххатыр кӕнынц. 5 Барджынтӕ цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонӕй мӕм иу тынг ӕвзӕр фӕкаст: 6 ӕдылыйы бӕрзонд сисынц, хъӕздыджы та ӕгады бынаты сӕвӕрынц; 7 цагъар уӕлбӕхӕй кӕсы, ӕлдар та фистӕгӕй цӕуы. 8 Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца. 9 Дуркӕрдӕг, гӕнӕн ис ӕмӕ, дур кӕрдгӕйӕ, исты знаггад ракӕна йӕхицӕн дуртӕй; хъӕддзауыл, бӕлӕстӕ калгӕйӕ, чи зоны, исты фыдбылыз ӕрцӕуа. 10 Кӕд дӕ фӕрӕт ныкъкъуымых ис, уӕд дӕ фылдӕр тых бахъӕудзӕн, цӕмӕй дӕ куыст кӕронмӕ фӕуай. Цӕмӕй дӕ куыстӕн исты фӕстиуӕг разына, уый тыххӕй куырыхон зонд хъӕуы. 11 Калмӕн фӕхӕцыны бар куы радтай, уӕд, кӕлмытӕн кӕлӕнтӕ кӕнынмӕ цыфӕнды дӕсны куы уай, уӕд дӕр дзы пайда нал уыдзӕн. 12 Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе ’взаг сафгӕ кӕны. 13 Зондцухӕн йӕ ныхасы райдиан — ӕдылы ныхӕстӕ, йӕ ныхасы кӕрон — фыдбылыз хӕссӕг ӕррадзинад. 14 Ӕдылы дзурын бирӕ фӕуарзы. Адӕймаг нӕ зоны йӕ фидӕн, стӕй, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕнис, уый дӕр. Чи йын ӕй радзура? 15 Ӕдылы куыстӕй фӕллайгӕ кӕны, суанг, сахармӕ цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр нал фӕуыны. 16 Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ. 17 Амондджын у уыцы бӕстӕ, йӕ паддзах уӕздан мыггагӕй кӕмӕн у, йӕ барджынтӕ фынгтыл ӕрмӕст фӕхъуыртхъом уӕвынмӕ кӕм ӕрбадынц, сӕ рӕстӕг расыгӕй кӕм не ’рвитынц. 18 Магусайӕн йӕ хӕдзары цар ӕркӕлы, зивӕггӕнагӕн къӕвда бон йӕ царӕй дон мизы. 19 Куывд — ирхӕфсынӕн, сӕн — хъӕлдзӕг цардӕн, фӕлӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ӕхца хардз кӕнын зонын хъӕуы. 20 Дӕхинымӕр дӕр паддзахы фыдгой ма ракӕн, дӕ хуыссӕнуаты дӕр ма рафау хъӕздыг лӕджы — уӕларвон мӕргътӕ дын дӕ хъуыдытӕ аскъӕфдзысты, дӕ ныхӕстӕй иунӕг дӕр нӕ басусӕг уыдзӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia