Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Эфесӕгтӕм 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цот ӕмӕ ныййарджытӕ

1 Сывӕллӕттӕ, кӕсут уӕ ныййарджыты коммӕ, Дунедарӕг куыд домы, афтӕ.

2 «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» — ахӕм у фыццаг фӕдзӕхст зӕрдӕвӕрдимӕ:

3 «Цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай зӕххыл».

4 Сымах дӕр, ныййарджытӕ, ма мӕсты кӕнут уӕ сывӕллӕтты, фӕлӕ сӕ хъомыл ӕмӕ ахуыр кӕнут Бардарӕджы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ.


Цагъартӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ

5 Цагъартӕ, зӕрдиагӕй, тӕрсгӕйӕ ӕмӕ аргъуыц кӕнгӕйӕ уӕ зӕххон хицӕутты коммӕ кӕсут, цыма Чырыстийӕн лӕггад кӕнут, афтӕ.

6 Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау.

7 Кусут сын зӕрдӕрайгӕйӕ, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ, Бардарӕгӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ.

8 Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Бардарӕгӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр.

9 Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.


Хуыцауы тох фыддзинадимӕ

10 Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.

11 Уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, уӕ бон хӕйрӕджы мӕнгард миты ныхмӕ лӕууын куыд уа, афтӕ.

12 Уымӕн ӕмӕ нӕ тох адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ ӕнӕбуар хицӕуттӕ ӕмӕ барджынты ныхмӕ, ацы талынг дунейы ӕлдӕртты ныхмӕ, уӕлдӕфы чи ис, уыцы фыдӕххӕссӕг монты ныхмӕ.

13 Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй, фыдӕвзарӕн бон куы ралӕууа, уӕд уӕм ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару разына, ӕппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уат ӕмӕ ма фӕцудат.

14 Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.

15 Фарны Уац хъусын кӕнут — уымӕ цӕттӕдзинад суӕд уӕ къахыдарӕс.

16 Ноджы ма уӕм, уыдонӕй уӕлдай, уӕд уырнындзинады уарт — хӕйрӕджы судзгӕ фӕттӕ иууылдӕр кӕй фӕрцы ахуыссын кӕндзыстут, уый.

17 Ирвӕзындзинады згъӕрхуд райсут, стӕй монон цирхъ — Хуыцауы Ныхас.

18 Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.

19 Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау, цы зӕгъон, уый ратта ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон Фарны Уацы сусӕгдзинад.

20 Рӕхыстӕй бастӕй дӕр ӕз дӕн уыцы Фарны Уацы минӕвар. Кувут, цӕмӕй йӕ фехъусын кӕнон ныфсджынӕй, куыд мын ӕмбӕлы, афтӕ.


Кӕронбӕттӕн

21 Цӕмӕй сымахӕн дӕр мӕ уавӕртӕ ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ зындгонд уой, уый тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн Тихик, нӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ Бардарӕджы иузӕрдион кусӕг.

22 Ӕз ӕй ӕрвитын сымахмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй базонат, ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ фӕфидар кӕна.

23 Ӕфсымӕртӕн фарн ӕмӕ уарзт уырнындзинадимӕ — Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.

24 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон се ’ппӕт дӕр хайджын уӕнт Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕнусон цардӕй. Аммен.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan