Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Эфесӕгтӕм 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Мӕрдтӕй — цардмӕ

1 Уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах раздӕр мард уыдыстут.

2 Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй.

3 Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдоны цардӕй, нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты фӕдыл цыдыстӕм, нӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицты коммӕ кастыстӕм. Иннӕтау мах дӕр, не ’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, уыдыстӕм, Хуыцауы азары аккаг чи уыдис, ахӕмтӕ.

4 Фӕлӕ хорзӕхӕй хъӕздыг Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта,

5 ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ — сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы.

6 Хуыцау нӕ райгас кодта Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ нӕ Йемӕ ӕрбадын кодта уӕлӕрвты,

7 цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.

8 Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут — уый уын Хуыцауы лӕвар у;

9 Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд.

10 Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.


Аргъуан — иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгты иугӕнӕг

11 Раздӕр цы уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Уӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ муртаттӕгтӕ уыдыстут. Ӕнӕсунӕт адӕм уӕ хуыдтой, ӕрмӕстдӕр буарӕй сунӕтгонд чи уыди, уыдон.

12 Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.

13 Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы баиу стут, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта кӕрӕдзимӕ.

14 Чырысти у нӕ фидауынгӕнӕг. Уый дзуттӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕгтӕй скодта иу адӕм — фехӕлдта, се ’хсӕн цы фыдӕхы гӕрӕн уыди, уый,

15 аивта Ӕгъдау йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй Йемӕ баиуы фӕрцы дыууӕ адӕмӕй сараза иу ног адӕм

16 ӕмӕ дыууӕты дӕр, иу буары, Хуыцауимӕ бафидауын кӕна, дзуарыл мӕлӕт райсгӕйӕ ӕмӕ Йӕ мӕлӕтӕй фыдӕх фесафгӕйӕ.

17 Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.

18 Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.

19 Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ.

20 Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.

21 Ӕппӕт бӕстыхайӕн Уый у йӕ бындур, ӕмӕ афтӕмӕй рӕзы, Бардарӕджы рухс Кувӕндон куыд суа, афтӕ.

22 Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan