Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Эфесӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.

2 Хорзӕх ӕмӕ уын фарн Хуыцауӕй — нӕ Фыдӕй — ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Чырыстийы фӕрцы — арфӕгонд

3 Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!

4 Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм.

5 Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ Уый бафӕндыд Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕнын.

6 Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй.

7 Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх,

8 ӕмӕ нын ӕй радта рӕдауӕй, цӕмӕй уӕм ӕххӕст алы уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынадӕй.

9 Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд —

10 афон куы ралӕууа, уӕд, арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдон баиу кӕндзӕни Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы, Уый сӕ сӕргъы уыдзӕни, афтӕмӕй.

11 Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,

12 цӕмӕй мах ӕппӕлӕм Йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Чырысти зӕрдӕдарӕн фыццаг махӕн сси.

13 Ӕмӕ сымах дӕр ӕцӕгады ныхас, Фарны Уац, уӕ фервӕзыны тыххӕй куы фехъуыстат ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй.

14 Уыцы Уд у, Хуыцаумӕ нын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн. Райсдзыстӕм сӕ, Хуыцау Йӕ адӕмы куы ссӕрибар кӕна, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй Йӕ кадыл ноджыдӕр бафтдзӕн.


Павел кувы

15 Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, Бардарӕг Йесойыл кӕй баууӕндыдыстут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты кӕй уарзут, уый куы фехъуыстон,

16 уӕдӕй фӕстӕмӕ сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ уын кувын.

17 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы.

18 Байгом уын кӕнӕд уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ, цӕмӕй фенат, цы зӕрдӕдарӕнмӕ уӕм басидт, уый цавӕр у, куыд хъӕздыг сты, йӕ сыгъдӕджыты ӕмрӕнхъ уын хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы диссаджы бынтӕ,

19 куыд ӕгӕрон у Йӕ хъомысы стырад нӕ зӕрдӕты мидӕг махӕн — уырнджытӕн, Йӕ барджын тыхы архайды фӕрцы.

20 Уыцы тыхӕй Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта Чырыстийы ӕмӕ Йӕ ӕрбадын кодта Йӕ рахизфарс уӕлӕрвты,

21 цыфӕнды хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕй, цыфӕнды тых ӕмӕ хъомысӕй уӕлдӕр; Йӕ ном та йын ӕппӕт нӕмттӕй фӕуӕлдӕр кодта канд ацы ӕнусы нӕ, фӕлӕ фидӕны дӕр.

22 Хуыцау ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта Чырыстийы къӕхты бын ӕмӕ Йӕ сӕвӕрдта тӕккӕ бӕрзонддӕр бынаты — Аргъуаны сӕргъы.

23 Аргъуан у Йӕ Буар, ӕмӕ уым ӕххӕстӕй Йӕхи раргом кӕны, ӕппӕт дӕр ӕххӕст Кӕй фӕрцы свӕййы, Уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan