Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Дзуттӕгтӕм 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Зӕххон ӕмӕ уӕларвон кувӕндӕттӕ

1 Фыццаг фидыдӕн уыди йӕхи уазлӕггады ӕгъдӕуттӕ, стӕй йӕхи кувӕндон — зӕххон.

2 Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.

3 Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы агъуыст уыдис, уый та хуынди Рухсмонуат.

4 Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.

5 Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.

6 Ӕппӕт дӕр сарӕзтӕуыд афтӕ, ӕмӕ фыццаг уатмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цыдысты сауджынтӕ;

7 дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй.

8 Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Уаз Цӕрӕн ис, уӕдмӕ ног Рухсмонуатмӕ фӕндаг гом нӕма у.

9 Уаз Цӕрӕн фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон се ’рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн ницы ахъаз сты.

10 Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.

11 Ныр та ӕрцыди Чырысти — ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Уаз Цӕрӕнмӕ, кӕцы у ахсджиагдӕр, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст; уый хиконд, ома ацы дунейӕ нӕу.

12 Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.

13 Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,

14 уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.

15 Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.

16 Ӕмӕ кӕд ныстуан ис, уӕд хъуамӕ бӕлвырд уа, йӕ кӕнӕг мард кӕй у, уый.

17 Уымӕн ӕмӕ ныстуан йӕ тыхы ӕрмӕстдӕр, йӕ саразӕг куы амӕлы, уӕд бацӕуы; цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ йын ницы тых ис.

18 Уымӕ гӕсгӕ фыццаг фидыд дӕр йӕ тыхы ӕнӕ тугӕй нӕ бацыд.

19 Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.

20 Моисей загъта: «Уый у, Хуыцау уын кӕй ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхста, уыцы фидыды туг».

21 Уыцы тугӕй бапырх кодта Уаз цатырыл дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цы дзаумӕттӕ уыдис, уыдоныл дӕр.

22 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.


Чырыстийы нывонд сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕ

23 Уӕдӕ уӕларвоны зӕххон хуызӕгтӕ хъуамӕ сыгъдӕггонд цӕуой афтӕ, уӕларвон та ноджы сыгъдӕгдӕр нывӕндтӕ домы.

24 Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.

25 Алчер ӕрвылаз нывонды тугимӕ Рухсмонуатмӕ куыд цыд, Йесо афтӕ бирӕ хӕттыты Йӕхи нывондӕн хӕссынмӕ нӕ цыди.

26 Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.

27 Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,

28 афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan