Дзуттӕгтӕм 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстНог Фидыды Алчер 1 Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, Дунедарӕджы рахизфарс Чи ӕрбадтис уӕлӕрвты, ахӕм Алчер. 2 Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны. 3 Алы алчеры дӕр сӕвӕрдӕуы хуынтӕ скувын ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн. Уымӕ гӕсгӕ мах Алчермӕ дӕр хъуамӕ уыдаид, нывондӕн цы ӕрхастаид, уый. 4 Уыцы Алчер ныртӕккӕ зӕххыл ис, зӕгъгӕ, уӕд уый сауджын нӕ уаид. Уымӕн ӕмӕ ам ис, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ чи хӕссы, ахӕм сауджынтӕ. 5 Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы Уаз Цӕрӕны — Моисей Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз». 6 Фӕлӕ Йесойӕн цы лӕггад уыди Йӕ бар, уый уыдоны лӕггадӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр Фидыды Ӕхсӕнылӕг у — уыцы Фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрды бындурыл ӕнцайы. 7 Уымӕн ӕмӕ, фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид. 8 Фӕлӕ сын Хуыцау уайдзӕф кӕны: «Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Хуыцау, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд, — 9 сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Уымӕн ӕмӕ уыдон Мӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты, ӕмӕ сӕ Ӕз ныууагътон, — зӕгъы Хуыцау. — 10 Мӕнӕ, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. 11 Уӕд алчи йе ’мбӕстаджы ӕмӕ йе ’фсымӕры нӕ ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ дзурдзӕн: „Базон Хуыцауы“, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, зондзысты Мӕн. 12 Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн». 13 Уыцы Фидыд Ног рахонгӕйӕ, Хуыцау ӕмбарын кодта, фыццаг фидыд кӕй базӕронд ис, уый. Цы базӕронд уа ӕмӕ дугивгъуыд цы суа, уымӕн та йе сӕфт ӕрӕввахс вӕййы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia