Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Дзуттӕгтӕм 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Мелхиседек — Хуыцауы алчер

1 «Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын арфӕ ракодта.

2 Цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уымӕй йын Авраам дӕсӕймаг хай рахицӕн кодта». Йӕ ном «Мелхиседек» амоны «Рӕстады паддзах»; уый у Салимы паддзах, ома «Фарны паддзах».

3 Мелхиседекӕн нӕй фыд, мад, фыдӕлтӕ, йӕ цардӕн нӕй райдайӕн ӕмӕ кӕрон. Хуыцауы Фырты хуызӕн уӕвгӕйӕ, уый у алчер мыггагмӕ.

4 Уынут, нӕ рагфыдӕл Авраам паддзӕхтӕй цы байста, уыдонӕн сӕ хуыздӕр дӕсӕймаг хай кӕмӕн радта, уый куыд цытджын у!

5 Сауджынтӕ чи свӕййы, Левийы уыцы байзӕддагӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ис адӕмӕй, ома се ’фсымӕртӕй, дӕсӕймаг хай ӕмбырд кӕныны бар, кӕд се ’фсымӕртӕ дӕр Авраамы байзӕддаг сты, уӕддӕр.

6 Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй — Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй — ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта.

7 Хуыцауы арфӕ кӕуыл бафтыдӕуы, уымӕй арфӕгӕнӕг уӕлдӕр кӕй у, уый та гуырысхойаг никӕмӕн у.

8 Уыимӕ, дӕсӕймаг хай чи исы, Левийы уыцы байзӕддӕгтӕ ӕнӕмӕлгӕ не сты, Мелхиседекы тыххӕй та Сыгъдӕг Фыст зӕгъы, удӕгас у, зӕгъгӕ.

9 Ис афтӕ зӕгъӕн дӕр: Авраам дӕсӕймаг хай Мелхиседекӕн куы радта, уӕд ма йын ӕй уыимӕ радта, дӕсӕймаг хай Израилы кӕй байзӕддӕгтӕ исынц, уыцы Левий дӕр.

10 Уымӕн ӕмӕ, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд, уӕд Левий кӕд гуырд нӕма уыд, уӕддӕр ныридӕгӕн йӕ фыдӕлы туджы уыд.

11 Сауджынты — Левийы байзӕддӕгты — лӕггад адӕмӕн лӕвӕрд уыдис Ӕгъдауы бындурыл. Ӕмӕ алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма ӕндӕр сауджын цӕмӕн хъуыд, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн Алчер у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм?

12 Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.

13 Ӕппӕт уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй загъд сты, Уый, нӕ Бардарӕг, ӕндӕр хӕдзарвӕндагӕй у — уыцы хӕдзарвӕндагӕй нывондхӕссӕны цур ничи лӕггад кодта.

14 Нӕ Бардарӕг хурау Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй кӕй скасти, уый бӕлвырд у. Уыцы хӕдзарвӕндагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕни, уый тыххӕй Моисей ницы загъта.


Мелхиседекы хуызӕн сауджын

15 Фӕлӕ ивддзинад ноджы фӕбӕлвырддӕр, Мелхиседекы хуызӕн ӕндӕр Алчер куы ӕрцыд, уӕд.

16 Ӕмӕ Уый Алчер сси, бӕлвырд хӕдзарвӕндагӕй рацӕуын чи домдта, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕфӕугӕ царды хъомысӕй.

17 Уый тыххӕй зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».

18 Раздӕры фӕдзӕхст та аивдӕуы, ӕдых ӕмӕ ӕнӕпайда кӕй свӕййы, уымӕ гӕсгӕ.

19 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алцӕмӕй дӕр ӕнаипп ницы скодта. Ныр та лӕвӕрд ӕрцыди, Хуыцаумӕ кӕй фӕрцы хӕстӕгдӕр кӕнӕм, ахӕм хуыздӕр зӕрдӕдарӕн.

20 Уыцы фидыд сомыйӕ фидаргонд ӕрцыд.

21 Иннӕтӕ ӕнӕ сомыйӕ систы алчертӕ, Уый та — Хуыцауы сомыимӕ: «Расомы кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ уынаффӕ нӕ аивдзӕн: Ды Алчер дӕ мыггагмӕ».

22 Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр Фидыдӕн йӕ цӕджындз.

23 Стӕй иннӕ алчертӕ бирӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы мӕлӕт никӕмӕн лӕвӕрдта мыггагмӕ алчерӕй баззайыны фадат.

24 Йесо та, мыггагмӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ мыггагмӕ у Алчер.

25 Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.

26 Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.

27 Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.

28 Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры хуымӕтӕг ӕмӕ, лӕмӕгъдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи у, уыцы Фырты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan