Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Дзуттӕгтӕм 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не ’ргом аздахӕм, хъомыл адӕймагӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ — мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл,

2 алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.

3 Хуыцау фадат куы ратта, уӕд нӕ къухы бафтдзӕни дарддӕр ацӕуын.

4 Уымӕн ӕмӕ, иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын,

5 Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи бамбӕрста, фидӕны дунейы тых чи банкъардта

6 ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц.

7 Арӕх къӕвда кӕй ӕфсады ӕмӕ, чи йӕ кусы, уымӕн тыллӕг цы зӕхх дӕтты, уый арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;

8 «сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц.

9 Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл.

10 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.

11 Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.

12 Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.


Хуыцауы стыр зӕрдӕбавӕрд

13 Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд ын, Йӕхицӕй сомы ракодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди.

14 Загъта: «Ӕз дын ӕцӕгӕй раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ байзӕддаг ӕнӕнымӕц уыдзӕни».

15 Ӕмӕ бафӕрӕзта Авраам бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг райста.

16 Адӕм сомы кӕнынц сӕхицӕй уӕлдӕрӕй, ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн вӕййы сӕ уыцы сомы, ӕмӕ уӕд алы быцӕуӕн дӕр ӕрцӕуы кӕрон.

17 Афтӕ Хуыцау дӕр Йӕ зӕрдӕбавӕрд сфидар кодта сомыйӕ; зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕн Йӕ сомыйӕ бӕлвырд равдыста, Йӕ фӕндон кӕй никуы аивдзӕн, уый.

18 Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.

19 Уый махӕн науӕнгуырау у ӕдас ӕмӕ фидар ӕмӕ кӕны Рухсмонуаты рӕбинаг хаймӕ — фӕсӕмбӕрзӕнмӕ,

20 Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan