Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Дзуттӕгтӕм 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы ’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса.

2 Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.

3 Уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ йӕхи тыххӕй дӕр хӕсса тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй дӕр.

4 Ахӕм кады аккаг йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ничи суыдзӕн — Хуыцау ӕй хъуамӕ сӕвзара, йӕ рӕстӕджы Аароны куыд сӕвзӕрста, афтӕ.

5 Чырысти дӕр, Алчер суӕвгӕйӕ, Йӕхӕдӕг Йӕхи не скадджын кодта, фӕлӕ Йын афтӕ Чи загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ», Уый Йын кад радта.

6 Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».

7 Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.

8 Кӕд Хуыцауы Фырт уыди, уӕддӕр хъизӕмӕртты фӕрцы сахуыр ис коммӕгӕс уӕвын.

9 Алцӕмӕй дӕр сси ӕххӕст, ӕмӕ Йе ’ппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн.

10 Хуыцау Ӕй Йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн алчер.


Фӕдзӕгъӕлы тас

11 Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут.

12 Цас рӕстӕг рацыди, уымӕ гӕсгӕ ныр уӕхицӕн ӕмбӕлы ахуыргӕнджытӕ уӕвын, сымах та нырма ахуыргӕнджыты сӕр хъӕуы, цӕмӕй уын амоной Хуыцауы дзырды абетӕ. Хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та ӕхсыр хъуамӕ суа ногӕй уӕ хӕринаг.

13 Ӕхсырӕй чи цӕры, уый растӕн ницы ӕмбары, уымӕн ӕмӕ нырма дзидзидай у.

14 Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan