Дзуттӕгтӕм 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙесо Моисейӕ уӕлдӕр у 1 Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ. 2 Моисей Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл куыд ӕнувыд уыд, афтӕ Йесо дӕр ӕнувыд у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл. 3 Фӕлӕ хӕдзар саразӕг хӕдзарӕй кадджындӕр куыд у, афтӕ Йесо дӕр Моисейӕ стырдӕр цыты аккаг у. 4 Уымӕн ӕмӕ алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, фӕлӕ Хуыцау та ӕппӕты аразӕг у. 5 Моисей ӕнувыд уыди Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл, фӕлӕ — лӕггадгӕнӕгау: цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн. 6 Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд. Стыр ӕнцой Хуыцауы адӕмӕн 7 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, 8 уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут уӕ фыдӕлтау, — уыдон ӕдзӕрӕг бӕсты Йӕ ныхмӕ куыд сыстадысты ӕмӕ Йӕ куыд фӕлвӕрдтой, уыйау. 9 Фӕлвӕрдтой Мӕ уым уӕ фыдӕлтӕ, фӕлтӕрдтой Мӕ, кӕд Мын дыууиссӕдз азы дӕргъы Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр. 10 Уымӕн смӕсты дӕн Ӕз уыцы фӕлтӕрмӕ ӕмӕ загътон: „Сӕ зӕрдӕтӕ ӕдзух адзӕгъӕл вӕййынц, нӕ базыдтой Мӕ фӕндӕгтӕ“. 11 Ӕмӕ Мӕ мӕстӕй расомы кодтон: „Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон“». 12 Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза. 13 Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа. 14 Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд. 15 Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут». 16 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы хъӕлӕс чи фехъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ Йӕ ныхмӕ сыстадысты. Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон нӕ уыдысты, мыййаг? 17 Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕдджын чи фӕци ӕмӕ йе стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви? 18 Ӕнӕсӕттонтӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ ӕнцойадмӕ никуы бацӕудзыстут, зӕгъгӕ? 19 Нӕхӕдӕг ӕй уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, ӕцӕгдӕр сын уый тыххӕй нӕ бантыст уырдӕм бацӕуын. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia