Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Дзуттӕгтӕм 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцауӕн ӕхсызгон царды уаг

1 Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.

2 Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.

3 Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын.

4 Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.

5 Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».

6 Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»

7 Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад.

8 Йесо Чырысти знон цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у ӕмӕ мыггагмӕ дӕр ахӕм уыдзӕн.

9 Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой.

10 Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.

11 Тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй алчер Рухсмонуатмӕ цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басыгъдӕуы адӕмы цӕрӕнуаты ӕдде.

12 Афтӕ Йесо дӕр, адӕмы Йӕ Тугӕй ссыгъдӕг кӕныны сӕраппонд, амарди фӕссахар.

13 Уӕдӕ Йӕм фӕцӕуӕм фӕссахармӕ, ӕмӕ Йӕ ӕгад мах ӕгад дӕр суӕд.

14 Уымӕн ӕмӕ нын ам, ӕдзух кӕм уыдзыстӕм, ахӕм сахар нӕй, фӕлӕ тырнӕм фидӕны сахармӕ.

15 Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.

16 Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.

17 Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.

18 Кувут мах тыххӕй. Не ’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.

19 Мах тыххӕй куват, уый уӕ уӕлдай тынгдӕр уый тыххӕй курын, цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон.


Фӕстаг арфӕ ӕмӕ фыстӕджы кӕрон

20 Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау

21 сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.

22 Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон.

23 Хъусын уын кӕнын, не ’фсымӕр Тимофей кӕй суӕгъд, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд рӕхджы ӕрцӕуа, уӕд уӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм иумӕ.

24 Саламтӕ раттут уе ’ппӕт хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн. Саламтӕ уын дӕттынц италиаг уырнджытӕ.

25 Хуыцауы хорзӕх уе ’ппӕты дӕр уӕд.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan