Дзуттӕгтӕм 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстХуыцау — нӕ Фыд 1 Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй, 2 уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс». 3 Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй. 4 Тӕригъӕды ныхмӕ сымах нырма мӕлӕтдзаг тох нӕма кодтат, 5 ӕмӕ уын хъӕбултау уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох ис: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд, 6 уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕймаджы бафхӕры; нӕмгӕ та кӕны, Йӕхицӕн фыртӕн кӕй райсы, уыдонӕй алкӕй дӕр». 7 Уӕ хъомыл кӕныны сӕраппонд фӕразон ут ӕфхӕрдӕн — уымӕй Хуыцау ӕвдисы, хъӕбулты цӕстӕй уӕм кӕй кӕсы, уый. Ахӕм фырт ис, мыййаг, фыд кӕй нӕ бафхӕры? 8 Ӕппӕт хъӕбулты куыд бафхӕрдӕуы, кӕд ахӕм ӕфхӕрд не ’ййафут, уӕд сымах ӕцӕг хъӕбултӕ нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ стут. 9 Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ! 10 Ныййарджытӕ нӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы ӕфхӕрдтой, куыд сӕм хуыздӕр касти, афтӕ; Хуыцау та нӕ нӕхи пайдайӕн бафхӕры, цӕмӕй уӕм Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын. 11 Алы ӕфхӕрд дӕр нын фыццаг ӕхсызгон нӕ вӕййы — хъыг нӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕфхӕрд куы сахуыр кӕны, уӕд нӕ цард свӕййы фӕрнджын ӕмӕ раст. 12 Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ. 13 Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа. Хуыцауы хорзӕхыл уӕхи ма атигъ кӕнут 14 Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн. 15 Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты, 16 цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта. 17 Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд. 18 Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не ’рцыдыстут сымах; 19 сыкъауадындзы уастмӕ, стӕй Хуыцауы хъӕлӕсмӕ не ’рцыдыстут сымах — адӕм-иу ӕй куы фехъуыстой, уӕд-иу лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй дарддӕр мауал дзура семӕ. 20 Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын фӕдзӕхстӕуыд, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр дуртӕй мард ӕрцӕуӕд». 21 Ӕмӕ, цы федтой, уый сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Фыр тӕссӕй мыл ризӕг бахӕцыд». 22 Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ, 23 уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм, 24 Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры. 25 Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд. 26 Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр». 27 Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуыстӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый. 28 Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ. 29 Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia