Дзуттӕгтӕм 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстУырнындзинады тыххӕй 1 Уырнындзинад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кӕсӕм, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕвдисӕн. 2 Незаманты чи царди, уыдон раппӕлинаг уыдысты сӕ уырнындзинадӕй. 3 Уырнындзинады фӕрцы мах базонӕм: Хуыцау дун-дуне сфӕлдыста Йӕ Дзырдӕй — цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕй рантыст, цӕстӕй цы уынӕм, уый. 4 Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры. 5 Енохмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ хаст ӕрцыдис арвмӕ, мӕлӕт нӕ федта, афтӕмӕй. Агуырдтой йӕ ӕмӕ йӕ не ссардтой — Хуыцау ӕй айста Йӕхимӕ. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ нӕ айста, уӕдмӕ дзы Хуыцау, куыд адӕймагӕй, афтӕ разы уыди. 6 Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн хӕрзиуӕг кӕй ратты, ууыл. 7 Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл. 8 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕм ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕд, кӕдӕм цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зыдта, уӕддӕр. 9 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл ӕрбынат кодта ӕмӕ, ӕндӕрбӕстаг куыд вӕййы, афтӕ цатырты цардис Исаак ӕмӕ Йаковимӕ — уыдонӕн дӕр уыцы зӕххӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд. 10 Уымӕн ӕмӕ Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ. 11 Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы. 12 Афтӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр, удӕгӕстӕй мӕрдтӕм чи фӕхӕстӕгдӕр, ахӕмӕй рацыд арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызгӕрон змисау ӕнӕнымӕц адӕм. 13 Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ. 14 Бӕлвырд у, афтӕ чи зӕгъы, уыдон сӕ уыцы ныхӕстӕй ӕвдисынц, сӕхи фыдыбӕстӕм кӕй тырнынц, уый. 15 Ӕмӕ цы бӕстӕй рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат. 16 Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар. 17 Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыди йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. 18 Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл». 19 Авраам ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у йӕ фырт Исаакы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын, ӕмӕ йын ӕй ӕцӕгӕйдӕр фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ. 20 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Исаак арфӕ ракодта Йаков ӕмӕ Исавы фидӕнӕн. 21 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йаков йӕ мӕлӕты размӕ арфӕ ракодта Йосефы фырттӕй алкӕмӕн дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ скуывта Хуыцаумӕ. 22 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йосеф, куы марди, уӕд дзырдта израилӕгты Мысырӕй рацыды тыххӕй ӕмӕ сын фӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ уым ма ныууадзой. 23 Сӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ ныййарджытӕ Моисейы, куы райгуырдис, уӕд ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхсгӕ фӕкодтой. Уымӕн ӕмӕ, тынг рӕсугъд сывӕллон кӕй у, уый уыдтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты. 24 Моисей йӕ лӕджы кары куы бацыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы не сразы ис фараоны чызджы лӕппуйыл нымад уӕвыныл 25 ӕмӕ тӕригъӕдджын цинтӕй хи ирхӕфсыны бӕсты хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын. 26 Мысыраг хӕзнатӕй йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕфхӕрд ӕййафын, уымӕн ӕмӕ йӕ фидӕны хӕрзиуӕгмӕ уыди йӕ каст. 27 Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд. 28 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм. 29 Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты. 30 Авд боны дӕргъы Йерихоны алыварс израилӕгтӕ цалдӕр хатты куы ӕрзылдысты, уӕд сӕ уырнындзинады фӕрцы ӕркалдысты йӕ къултӕ. 31 Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтаг Рахав суазӕг кодта сгарджыты ӕмӕ нӕ бабын ис ӕнӕсӕттонтимӕ. 32 Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн. 33 Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ, 34 пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ. 35 Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй — уыдоны сӕрибар райсын нӕ бафӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр цардӕн райгас уой. 36 Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой. 37 Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. 38 Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты. 39 Сӕ уырнындзинады тыххӕй сын се ’ппӕтӕй дӕр раппӕлыд Хуыцау, фӕлӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой. 40 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау махӕн ӕрцӕттӕ кодта хуыздӕр фӕндаг, ӕмӕ уыдон ӕрмӕстдӕр махимӕ хъуамӕ бахӕццӕ уыдаиккой уыцы ӕххӕстдзинадмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia