Дзуттӕгтӕм 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна. 2 Уый йӕ бон куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой: иу хаттӕн-иу мыггагмӕ ссыгъдӕг уаиккой сӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ сӕхи азымджын нал хониккой. 3 Фӕлӕ ӕрвылазы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр тӕригъӕдтӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынӕн сты, 4 уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнӕн нӕй. 5 Дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, уый тыххӕй загъта Чырысти Хуыцауӕн: «Ды нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтӕ нӕ бакуымдтай, фӕлӕ Мын ӕрцӕттӕ кодтай буар. 6 Иууылсудзинаг ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ Дӕуӕн фӕндон нӕ уыдысты. 7 Уӕд Ӕз загътон: „Уаз Чиныджы Мӕн тыххӕй куыд фыст ис, афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау, Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ“». 8 Кӕд уыцы нывӕндтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрхастӕуы, уӕддӕр Чырысти фыццаг загъта: «Нывӕндтӕ, хуынтӕ, иууылсудзинаг ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ Ды нӕ бакуымдтай, фӕндон Дын нӕ уыдысты». 9 Уый фӕстӕ ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ ӕрцыдтӕн Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Чырысти аивта фыццаг ӕмӕ сфидар кодта дыккаг. 10 Йесо Чырысти сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ Йын Йӕ буар нывондӕн кӕй ӕрхастӕуыд, уый фӕрцы мах ссыгъдӕг стӕм мыггагмӕ. 11 Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕссы, тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн ӕнӕпайда чи у, уыцы иу нывӕндтӕ. 12 Йесо та, тӕригъӕдты тыххӕй иунӕг нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, «Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти» мыггагмӕ 13 ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, «Йе знӕгты Йын Хуыцау Йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ». 14 Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп. 15 Уый тыххӕй Сыгъдӕг Уд дӕр ӕвдисӕн лӕууы. Йӕ фыццаг ныхас у: 16 «Мӕнӕ, — зӕгъы Хуыцау, — уыцы бонты фӕстӕ семӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зӕрдӕты сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сын сӕ зонды ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ». 17 Загъта ма: «Нал сын ӕрымысдзынӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕуаг митӕ». 18 Тӕригъӕдтӕ барст куы ӕрцӕуой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы. Баввахс ут Хуыцаумӕ 19 Уӕдӕ нӕ ныфс ис, ӕфсымӕртӕ, Йесойы Туджы фӕрцы ног ӕмӕ царддӕттӕг фӕндагыл Рухсмонуатмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уымӕй. 20 Уыцы фӕндаг нын мидӕмбӕрзӕны, ома Йӕ буары фӕрцы, байгом кодта Уый ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд. 21 Хуыцауы хӕдзары сӕргъы стыр Алчер ис, 22 ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар. 23 Фидар хӕцӕм, ныфс нын цы уырнындзинад дӕтты, ууыл, уымӕн ӕмӕ Зӕрдӕбавӕрӕг Йӕ ныхас нӕ ивы. 24 Кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уӕм, кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм. 25 Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй. 26 Кӕд ӕмӕ, ӕцӕгад базонгӕйӕ, уӕддӕр тӕригъӕды цӕуӕм, уӕд уыцы тӕригъӕдтӕн ныр ницавӕр нывондӕй уыдзӕн ссыгъдӕг кӕнӕн, 27 ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззади тӕрхонмӕ, стӕй, Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕттаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. 28 Моисейы Ӕгъдау чи не ’ххӕст кодта, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй кӕд ӕгъатырӕй мӕлӕтмӕ лӕвӕрд цыди, 29 уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый? 30 Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн». 31 Тӕссаг у цардӕгас Хуыцауы къухтӕм бахауын! 32 Ӕрымысут, Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕм рухс куы бауагъта ӕмӕ уый фӕстӕ тохы бирӕ зынтӕн куы бафӕрӕзтат, уӕ раздӕры уыцы бонтӕ. 33 Куы-иу уӕ ӕппӕт адӕмы раз сӕгад кодтой ӕмӕ ӕфхӕрдтой, куы та уыдыстут, ахӕм уавӕры ма чи уыди, уыдоны фарсмӕ. 34 Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ. 35 Уӕдӕ уӕ зӕрдӕдарӕн ма ныууадзут ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг. 36 Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый. 37 Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн. 38 Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз райгонд нӕ уыдзынӕн». 39 Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ чи бабын вӕййы, уыдонӕй не стӕм: мах ӕууӕндӕм ӕмӕ ирвӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia