Дзуттӕгтӕм 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ. 2 Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста. 3 Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс 4 ӕмӕ, Йӕхӕдӕг зӕдтӕй бирӕ уӕлдӕр куыд у, афтӕ Йӕ Фыдӕй лӕвӕрд ном дӕр уыдоны нӕмттӕй бирӕ кадджындӕр сси. 5 Хуыцау зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ»? Кӕнӕ: «Ӕз Уымӕн уыдзынӕн Фыд, Уый та Мын уыдзӕни Фырт»? 6 Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Бакувӕнт Ын Хуыцауы зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр». 7 Зӕдты тыххӕй фыст ис: «Йӕ зӕдты Уый скӕны дымгӕтау, Йӕ лӕггадгӕнджыты — зынг ӕмӕ артау». 8 Фырты тыххӕй та: «Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон. Дӕ Паддзахады лӕдзӕг — рӕстдзинады лӕдзӕг. 9 Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинад Дын ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау, Демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай, цин дӕттӕг сойӕ байсӕрста». 10 Ӕмӕ ма ноджы: «Раздӕр уал Ды, Бардарӕг, зӕххӕн ӕрӕвӕрдтай бындур, Дӕ къухӕй конд у арв дӕр. 11 Уыдонӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон, Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ. Уыдон алӕзӕрдзысты пӕлӕзау, 12 Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау. Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ, ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты». 13 Хуыцау Йӕ зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн?» 14 Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты? |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia