Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Даниил 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Даниилы куывд ӕмӕ Гавриилы дзуапп

1-2 Халдейӕгты паддзах сси мидиаг Ксерксы фырт Дарий. Ӕз, Даниил, йӕ паддзахиуӕджы фыццаг аз сагъӕсы бацыдтӕн, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн Сыгъдӕг Фысты цы раргом кодта, уый фӕдыл. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй Йерусалимы сахар дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы хъуамӕ гӕныстонӕй лӕууыдаид.

3-4 Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.

5 Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.

6 Нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ не ’ппӕт адӕммӕ Дӕ номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕм, Дӕ лӕггадгӕнджытӕм, нӕ хъуыстам.

7 Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай.

8 О Дунедарӕг! Фидиссаг фесты нӕ сӕртӕ! Фидиссаг фӕуӕнт нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.

9 О Бардарӕг, нӕ Хуыцау, Ды бараг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, мах та Дӕ ныхмӕ сыстадыстӕм,

10 Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, нӕ хъуыстам; Йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты дзыхӕй нын цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон не ’ххӕст кодтам.

11 Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы ’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз.

12 Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.

13 Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не ’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам.

14 Ӕмӕ нын уӕд Дунедарӕг стыр фыдӕх бавзарын кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр раст у, мах та Йӕм нӕ хъуыстам.

15 О Бардарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ хъаруйы фӕрцы Дӕ адӕмы ракодтай Мысыры зӕххӕй ӕмӕ абоны онг кады аккаг скодтай Дӕ ном, мах та иууылдӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ аххосджын стӕм Дӕ разы.

16 О Бардарӕг! Дӕ рӕстады сӕраппонд Дӕ маст аздах Дӕ сахар Йерусалимӕй, Дӕ уаз хохӕй! Нӕ тӕригъӕдты ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндты аххосӕй Йерусалим ӕмӕ Дӕ адӕм хынджылӕггаг систы сӕ алыварс цӕрджытӕн!

17 Нӕ Хуыцау, фехъус Дӕ цагъары куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Бардарӕг! Дӕ Кувӕндон хӕлд ӕрцыд, фӕлӕ йӕ Дӕхи сӕраппонд хорзӕхы аккаг скӕн!

18 Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.

19 О Дунедарӕг, фехъус нӕ, ныббар нын! Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Дӕхи сӕраппонд нын фехъус нӕ куывд! Дӕ ном куы хӕссынц Дӕ адӕм ӕмӕ Дӕ сахар!»

20 Афтӕ куывтон ӕз, фӕсмон кодтон мӕ тӕригъӕдтыл, хатыр куырдтон Израилы тӕригъӕдты тыххӕй. Мӕ Хуыцауы уаз хохы тыххӕй лӕгъстӕ кодтон Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн.

21 Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.

22 Уый мын райдыдта амонын: «Даниил, ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, цы нӕ зоныс, уыдӕттӕ бамбарын кӕнон.

23 Куыддӕр кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтай, афтӕ дын Хуыцау дӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау бирӕ уарзы. Уӕдӕ ацы уац ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн бамбар.

24 Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа.

25 Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.

26 Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.

27 Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan