Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Даниил 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цыппар сырды

1 Балтасар фыццаг аз Вавилоны паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Даниил фыны, йӕ хуыссӕнуаты, федта цӕстылуайӕн. Уый ныффыста, йӕ фыны цыдӕриддӕр федта, уыдӕттӕ.

2 Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый.

3 Денджызӕй кӕрӕдзийы фӕдыл цыппар стыр сырды рацӕуынц, ӕмӕ дзы иу иннӕйы хуызӕн нӕу.

4 Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди.

5 Дыккаг сырд — арсы хуызӕн, фӕрсырдыгӕй лӕууы ӕмӕ йӕ комӕй, дӕндӕгты ӕхсӕнӕй, зыны ӕртӕ ссыры. Сырдӕн загъдӕуыд: „Сыст ӕмӕ дӕхи дзидзайӕ бафсад!“

6 Ӕртыккаг сырд — фыранчы хуызӕн, йӕ фӕсонтыл та — цыппар базыры, маргъы базыртӕ. Ноджы йын уыдис цыппар сӕры, ӕмӕ йын хицауы бартӕ рардӕуыд.

7 Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.

8 Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се ’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной.

9 Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,

10 Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.

11 Ӕз федтон, гыццыл сыкъайы йе схъӕл ныхӕсты тыххӕй куыд амардтой ӕмӕ йӕ куыд басыгътой, уый.

12 Иннӕ сырдтӕн дӕр сӕ раздӕры бартӕ байстой, фӕлӕ сӕ ӕмгъуыдмӕ удӕгасӕй ныууагътой.

13 Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой.

14 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.


Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы уӕлахиз

15 Ӕз, Даниил, катайы бацыдтӕн — стыр тас мыл бафтыдтой уыцы цӕстылуайӕнтӕ.

16 Мӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй иумӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, цы федтон, уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй. Уый мын алцыдӕр бамбарын кодта:

17 „Ацы цыппар сырды сты цыппар стыр паддзахады, сӕ цыппар дӕр фидӕны ацы зӕххыл фӕзындзысты.

18 Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.

19 Мӕн фӕндыд базонын, цыппӕрӕм сырд цы нысан кӕны, уый дӕр. Уыцы сырд иннӕты хуызӕн нӕ уыд, йӕ уындӕй мӕ стыр тасы бафтыдта. Уыдис ын ӕфсӕн дӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕрхуы дзӕмбытӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та-иу йӕ къӕхты бын бассӕста.

20 Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых.

21 Уыцы сыкъа сыгъдӕджыты ныхмӕ хӕцыд ӕмӕ сыл уӕлахиз кодта.

22 Фӕлӕ Ӕнусты Цӕрӕг куы фӕзынд, уӕд тӕрхон Иууылбӕрзонды сыгъдӕджыты пайдайӕн ахицӕн. Афон куы ӕрцыди, уӕд паддзахы бартӕ айстой сыгъдӕджытӕ.

23 Уый фӕдыл мӕ разы лӕууӕг загъта: „Зӕххыл фӕзындзӕн цыппӕрӕм паддзахад, йӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзахӕдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыдзӕн. Ацы зӕххыл алцыдӕр ссӕнддзӕн, хӕрдзӕн ӕмӕ дӕрӕн кӕндзӕни.

24 Дӕс сыкъайы та нысан кӕнынц, уыцы паддзахады фӕд-фӕдыл дӕс паддзахы кӕй уыдзӕнис, уый. Уыдоны фӕстӕ ма фӕзындзӕн иу паддзах. Уый иннӕты хуызӕн нӕ уыдзӕн: ӕртӕ паддзахы бабын кӕндзӕн,

25 Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.

26 Фӕлӕ ралӕудзӕни тӕрхоны рӕстӕг, йӕ хъомысӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахдзинадӕн мыггагмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн.

27 Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.

28 Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan