Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Даниил 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Балтасары куывд

1 Паддзах Балтасар, йӕ дӕлбар цы мин ӕлдары уыди, уыдонӕн стыр куывд сарӕзта ӕмӕ семӕ сӕн нуӕзта.

2-4 Куы банозтджын, уӕд Балтасар, йӕ фыд Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй ӕрбаласта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист кӕхцытӕ ӕрбахӕссын кодта. Паддзах, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин кӕхцытӕй сӕн нуӕзтой ӕмӕ кад кодтой сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн.

5 Уыцы рӕстӕг кӕцӕйдӕр фӕзындысты адӕймаджы къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ паддзахы галуаны чъырӕйцагъд къулыл, цырагъдарӕны бакомкоммӕ, фыссын райдыдтой. Балтасар уый куы федта,

6 уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.

7 Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».

8 Паддзахы куырыхонтӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты, фӕлӕ фыст бакӕсын ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый паддзахӕн радзурын сӕ иуы бон дӕр нӕ баци.

9 Уӕд паддзах Балтасар ноджы тынгдӕр фӕтарст, хуызы цъыртт дзы нал баззад, ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ скатай сты.

10 Паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты ныхас фехъусгӕйӕ, ус-паддзах уазджыты уатмӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Дзӕгъӕлы афтӕ фӕтарстӕ ӕмӕ фӕцыди дӕ хуыз.

11 Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.

12 Паддзах Белтешацар кӕй схуыдта, уыцы Даниил хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй, йӕ бон уыди фынтӕ райхалын, ӕмбарын кодта сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ-иу цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр равзӕрста. Паддзах Белтешацар кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Даниилмӕ фӕдзурын кӕн, ӕмӕ дын уый ацы фысты нысаниуӕг зӕгъдзӕн».


МЕНЕ, МЕНЕ, ТЕКЕЛ, У-ПАРСИН

13 Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?

14 Ӕз куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй ӕмӕ дын ис диссаджы сӕрызонд, дӕ куырыхон зонд дын абарӕн дӕр никӕимӕ ис.

15 Цӕмӕй ацы фыст бакӕсой ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъой, уый тыххӕй мӕм ӕрбакодтой Вавилоны ӕппӕт куырыхонты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты, фӕлӕ мын ӕй сӕ бон бамбарын кӕнын не сси.

16 Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».

17 Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.

18 Паддзах! Дӕ фыд Навуходоносорӕн Иууылбӕрзонд Хуыцау радта паддзахдзинад, кад ӕмӕ цыт.

19 Хуыцауы фӕрцы ахӕм хъомысджын сси, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыр тӕссӕй йӕ разы рызтызты. Марын ӕй кӕй фӕндыд, уый-иу амарын кодта, кӕй йӕ фӕндыд, уый та-иу удӕгасӕй ныууагъта. Кӕй-иу уӕлӕрвтӕм систа, кӕй та-иу ӕгады бынаты сӕвӕрдта.

20 Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.

21 Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.

22 Ӕмӕ ды, йӕ фырт Балтасар, зыдтай уыдӕттӕ, фӕлӕ уӕддӕр Йӕ разы сӕрныллӕгӕй не ’рлӕууыдтӕ.

23 Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.

24 Ӕмӕ уӕд Хуыцауы афтӕ бафӕндыд, цӕмӕй фӕзыной къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ ныффыссой мӕнӕ ацы дзырдтӕ:

25 МЕНЕ, МЕНЕ, ТЕКЕЛ, У-ПАРСИН.

26 Уыцы дзырдтӕн сӕ мидис ахӕм у: МЕНЕ — „Хуыцау дын дӕ паддзахдзинадӕн кӕрон скодта“.

27 ТЕКЕЛ — „Тӕрӕзтыл барст ӕрцыдтӕ, ӕмӕ дӕ ӕппындӕр ницы уӕз ис“.

28 ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».

29 Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.

30 Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,

31 ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий. Уыцы заман Дарийыл цыди ӕхсай дыууӕ азы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan