Даниил 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстМихаелы уӕлахиз ӕмӕ мӕрдты райгас 1 Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты. 2 Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн. 3 Куырыхонтӕ сӕуӕхсидау ныррухс уыдзысты ӕмӕ, адӕмы раст фӕндагмӕ чи раздӕхта, уыдон ӕнусмӕ стъалытау цӕхӕр калдзысты. 4 Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн». 5 Уӕд ӕз, Даниил, размӕ акастӕн ӕмӕ федтон: ноджы ма дыууӕйӕ лӕууынц, иу — донӕн йӕ ацы фарс, иннӕ та — йӕ фаллаг фарс. 6 Уыдонӕй иу, гӕн хъуымацӕй дарӕсы доны сӕрмӕ чи лӕууыд, уый, бафарста: «Ӕмӕ уыцы диссӕгтӕн сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?» 7 Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни». 8 Ӕз ӕм хъуыстон, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстон ӕмӕ сдзырдтон: «Мӕ хицау! Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?» 9 Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты. 10 Бирӕтӕ ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты, фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, фыдгӕнджытӕ та араздзысты фыдбылызтӕ ӕмӕ сӕ бон бамбарын ницы суыдзӕн, фӕлӕ куырыхонтӕ алцыдӕр бамбардзысты. 11 Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны. 12 Тӕхудиаг сты, ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы ӕмӕ иу мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын фондз боны ӕнхъӕлмӕ чи кӕсдзӕни, уыдон. 13 Ды та цу дӕ фӕндагыл кӕронмӕ, ӕрсабыр уыдзынӕ ӕмӕ рӕстӕджы кӕрон дӕ хал айсынмӕ сыстдзынӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia