Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Даниил 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Цыппар дзуттаджы фыццаг фӕлварӕн

1 Паддзах Иоаким ӕртыккаг аз паддзахиуӕг кодта иудейаг бӕстӕйы. Уыцы заман ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодта.

2 Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.

3 Паддзах Навуходоносор йӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр Ашпеназӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилаг уӕздӕтты ’хсӕн равзара

4 бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.

5 Навуходоносор бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕрвылбон, паддзахы фынгыл цы хӕрд ӕмӕ нозт вӕййы, уыдонӕй ӕфсадой. Хъуамӕ сӕ ӕртӕ азы фӕцахуыр кодтаиккой, ӕмӕ уый фӕстӕ паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой.

6 Иудейаг лӕппуты ’хсӕн уыдысты Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариа дӕр.

7 Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.

8 Даниил фидарӕй сфӕнд кодта нӕфӕтчиаг хӕринаг ӕмӕ нозтӕй йӕхи нӕ фӕхъӕстӕ кӕнын ӕмӕ лӕггадгӕнджыты хистӕрӕн загъта, ахӕм бар мын ратт, зӕгъгӕ.

9 Хуыцауы фӕрцы лӕггадгӕнджыты хистӕр Даниилмӕ хорз зӕрдӕ дардта, уарзта йӕ,

10 фӕлӕ уӕддӕр не сразы ис: «Ӕз тӕрсын мӕ хицауӕй, паддзахӕй. Цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, уый уын йӕхӕдӕг равзӕрста, ӕмӕ паддзах, уе ’мгӕрттӕй фӕфыдхуыздӕр стут, уый куы бафиппайа, уӕд мын мӕ сӕр акъуырдзӕн».

11 Уӕд Даниил бахатыд, лӕггадгӕнджыты хистӕры амындмӕ гӕсгӕ, Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариамӕ йӕ цӕст чи дардта, уыцы лӕгмӕ:

12 «Дӕ хорзӕхӕй, бафӕлвар дӕ цагъарты. Дӕс боны нын дон ӕмӕ халсартӕ йеддӕмӕ мацы ратт.

13 Уый фӕстӕ-иу бакӕс, паддзахы фынгӕй чи хордта, уыцы лӕппутӕм ӕмӕ махмӕ. Дӕ цагъартӕ стӕм мах, цы фенай, уымӕ гӕсгӕ нын-иу стӕрхон кӕн».

14 Уый сразы ис ӕмӕ сӕ дӕс боны фӕлвӕрдта.

15 Дӕс боны фӕстӕ, паддзахы фынгӕй цы лӕппутӕ хордтой, уыдонӕй хӕрзхуыздӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр разындысты.

16 Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын-иу цӕстдарӕг сӕ хӕринаг ӕмӕ сӕ нозт фӕстӕмӕ ахаста, лӕвӕрдта сын ӕрмӕстдӕр халсартӕ.

17 Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.

18 Ӕртӕ азы фӕстӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр израилаг лӕппуты иууылдӕр Навуходоносоры размӕ ӕрбакодта.

19 Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.

20 Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.

21 Даниил паддзахы галуаны лӕггад кодта, цалынмӕ Кир Вавилоны бӕстӕйы паддзах сси, уӕдмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan