Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Аввакум 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Пехуымпар Аввакумы куывд-хъарӕг.

2 О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон, Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц. Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис! О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!

3 Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау, Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй. Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ, байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.

4 Тӕмӕнтӕ калы хурау, Йӕ къухтӕй рухс тынтӕ фӕйнӕрдӕм ивылынц, сӕ мидӕг ӕмбӕхст у Йӕ хъомыс.

5 Йӕ разӕй рын цӕуы, Йӕ фӕдыл — емынӕ;

6 сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.

7 Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ, ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.

8 О Дунедарӕг! Ау, Дӕ маст цӕугӕдӕттӕм ссыгъди? Ӕви Дын денджызмӕ рафыхти? Дугъы куы уайыс Дӕ бӕхтыл, уӕлахизгӕнӕг тохуӕрдӕттыл!

9 Ды айвӕзтай Де ’рдын, йӕ фатдон ын байдзаг кодтай фаттӕй. Ныскъуыдтӕ кодтай дӕттӕй зӕхх,

10 ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.

11 Де ’рттиваг тӕхгӕ фатты, Де ’рцыты — цӕхӕркалгӕ арвӕрттывдты раз хур ӕмӕ мӕй бандзыг сты уӕлӕрвты.

12 Фыр мӕстӕй бассӕстай зӕхх. Дӕ маст ссыгъд — Дӕ къӕхты бын ныккодтай адӕмты!

13 Ды рацыдтӕ Дӕ адӕмы, Дӕ байсӕрст паддзахы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыдгӕнджытӕн сӕ балхоны ныммардтай, йӕ хӕдзар ын йӕ бындуры онг ныппырх кодтай.

14 Зилгӕ уадау ӕрбабырстой йӕ хӕстонтӕ, цӕмӕй нӕ фесафой! Ӕнаххосы ӕвиппайды ныхъуырын уыди сӕ зӕрды — сӕ балхоны сын Ды йӕхи арцӕй ныррӕхуыстай!

15 Дӕ бӕхтыл айгӕрстай Ды денджызы фӕндаг, йӕ уылӕнтӕ йын сызмӕстай.

16 Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.

17 Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,

18 уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл, мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.

19 Дунедарӕг Хуыцау — мӕ хъару! Мӕ къӕхтӕ мын саджы хуызӕн сфидар кӕндзӕн, ахондзӕн мӕ нӕ хӕхты бӕрзӕндтӕм! [Зарджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ.]

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan