Аввакум 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Гӕнахы сӕрыл хъалагъур лӕууын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг мын цы зӕгъдзӕни, мӕ хъастӕн мын цы дзуапп ратдзӕни, уымӕ. 2 Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Цы дын раргом кӕнон, уый-иу къӕйдуртыл дзӕбӕх ныффысс, чи йӕ кӕса, уый йӕ ӕнцонӕй куыд равзара, афтӕ. 3 Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд». 4 Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни. 5 Хъӕздыгдзинадыл нӕй зӕрдӕ дарӕн, кӕрӕф адӕймаг ӕнцой нӕ зоны; мӕрдтыбӕстау ныххӕлиу кӕны йӕ ком, бафсис ын нӕй мӕлӕтау. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты бакӕны йӕ дӕлбар. 6 Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!» 7 Хӕсджын кӕмӕй дӕ, уыдон искӕд бон ӕвиппайды дӕ ныхмӕ сыстдзысты, райхъал уыдзысты ӕмӕ дӕ стыр тасы бафтаудзысты, сӕ амӕттаг бауыдзынӕ. 8 Бирӕ адӕмты бастыгътай, ӕмӕ дын дӕхи дӕр иннӕ адӕмтӕ афтӕ бастигъдзысты, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, бӕстӕтӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты хӕлӕттаг кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй. 9 Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн! 10 Бирӕ адӕмты сафгӕйӕ, фӕхудинаг кодтай дӕ хӕдзар, ӕмӕ дӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕты тӕрхон. 11 Дуртӕ систы хуылфӕй ныхъхъӕр кӕндзысты, бафӕзмдзысты сӕ хъӕдын хъайвантӕ: 12 «Додой йӕ къона, йӕ сахар туг ӕмӕ фыдмитыл чи аразы, уымӕн!» 13 Уӕларвӕфсады Бардарӕг рагацау снысан кодта: адӕмты фӕллӕйттӕ арты басудздзысты, сӕ хъиамӕт ӕнӕпайда фӕуыдзӕн. 14 Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн. 15 Додой дӕ къона, йӕ хионӕн Дунедарӕджы масты кӕхцӕй чи нуазын кӕны, цалынмӕ дзы срасыг уа, уӕдмӕ, цӕмӕй йын уый фӕстӕ йӕ худинаг фена! 16 Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ! 17 Ливаны цы фыдмитӕ фӕкодтай, уыдоны тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзынӕ, фыр тӕссӕй дыл ризӕг бахӕцдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕрӕгойты ныццагътай, ныккалдтай адӕмы туг, ӕнӕхъӕн бӕстӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты ныххӕлӕттаг кодтай. 18 Цы пайда ис, ӕрмдӕсны кӕй сарӕзта, уыцы хуыцаугондӕй, ӕрмӕст мӕнгдзинадыл чи ахуыр кӕны, уыцы джиппыуагъд гуымирыйӕ? Ӕрмдӕсны ӕууӕнды йӕхи къухӕй конд дзаумайыл, афтӕмӕй уый та ӕгомыг гуымирыйӕ уӕлдай ницы у. 19 Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй. 20 Дунедарӕг та цӕры Йӕ уаз Кувӕндоны. Ӕгас зӕхх Йӕ разы ныхъхъус уӕд! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia