Аввакум 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстФехъус, Дунедарӕг, рӕстуды дзыназын! 1 Пехуымпар Аввакумы цӕстылуайӕн — рагуац. 2 О Дунедарӕг! Кӕдмӕ Дӕм сидон ӕз ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ фехъусай? Фӕдисхъӕр Дӕм кӕдмӕ кӕнон, тыхгӕнӕгӕй кӕд фервӕзын кӕндзынӕ? 3 Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыдбылызтӕ, фыддзинадмӕ ӕвӕлмасӕй куыд кӕсон? Мӕ алыварс — тыхмитӕ, стыгъд, фыдӕх, хъаугъатӕ нӕ сабыр кӕнынц. 4 Ӕгъдау йӕ тых дӕр уымӕн фесӕфта, рӕстдзинад нал ис. Ӕнӕхуыцау фӕуӕлахиз рӕстгӕнӕгыл, раст тӕрхон сзыгъуыммӕ ис. Дунедарӕджы зӕрдӕбавӕрд 5 Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид. 6 Ӕз уын уӕ ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн халдейӕгты, ӕгъатыр ӕмӕ знӕт адӕмы. Уыдон ӕппӕт зӕххыл ӕрзилдзысты, цӕмӕй кӕйдӕр хъӕутӕ бацахсой. 7 Карз ӕмӕ тӕссаг сты, сӕхӕдӕг сты хицӕуттӕ сӕхицӕн, сӕхи ’гъдӕуттӕ сын ис. 8 Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау. 9 Иууылдӕр стигъынмӕ фесты, ӕхсидгӕ зилгӕ дымгӕйау размӕ бырсынц ӕмӕ уацайрӕгты змисау ӕмбырд кӕнынц. 10 Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц. 11 Зилгӕ уадау сӕ фӕндагыл алцы ныссӕрфынц, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнынц. Сӕ хъару — сӕ хуыцау. 12 О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай! 13 Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй? 14 Ды адӕмы скодтай денджызы кӕсӕгты, хицау кӕмӕн нӕй, ахӕм доны змӕлӕгойты хуызӕн. 15 Фыдгул сӕ йе ’нгуырӕй сласы, кӕсагахсӕн хызӕй сӕ ахсы, йӕ зӕрдӕ райы фыр цинӕй. 16 Йӕ ахсӕн хызтӕн хӕссы нывӕндтӕ ӕмӕ сын буд судзы, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы у фыр хъӕздыг, дзаджджын сты йӕ фынгтӕ. 17 Фӕлӕ кӕдмӕ ӕвзиддзӕн кардӕй, ӕгъатырӕй адӕмты кӕдмӕ цӕгъддзӕн? |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia