Авадиа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Авадиайы цӕстылуайӕн. Дунедарӕг Хуыцау Едомы тыххӕй зӕгъы, Дунедарӕгӕй фехъуыстам уац, адӕмтӕм рарвыстӕуыд фӕдисоны: «Сыстут, ӕмӕ Едомы ныхмӕ схӕцӕм!» 2 — Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ’руадздзынӕн, ӕмӕ дыл ӕлгъ кӕндзысты. 3 Дӕ къӕйных зӕрдӕ дӕ фӕсайдта, къӕдзӕхты ’хсӕн цӕрыс ӕмӕ дзурыс: «Чи мӕ раппардзӕни зӕхмӕ?» 4 Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 5 Давджытӕ кӕнӕ дӕм ӕхсӕвы абырджытӕ фӕзындысты, мыййаг? Гӕныстонмӕ куы ’рцыдтӕ. Сӕнӕфсир тонджытӕ дӕм куы ’рбацыдаиккой, уӕд ма дӕм уыдон дӕр цалдӕр гагайы, ау, нӕ ныууагътаиккой? 6 Фӕлӕ Исавы ӕгасӕй дӕр басгӕрстӕуыд, йе ’мбӕхсӕнты йын фӕджигул кодтой! 7 Дӕ цӕдисонтӕ дӕ расурдзысты дӕ зӕххы арӕнтӕй, гадзрахатӕй дыл рацӕудзысты; демӕ хӕларӕй чи царди, уыдон дӕ басӕтдзысты. Дӕ къӕбӕр дын чи хӕры, уыдон дӕ чъылдымӕрдыгӕй ныццӕвдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Йӕ сӕрызонд фӕлыгъди бынтондӕр!» 8 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн Едомы куырыхонты, Исавы хохыл — зондджынты. 9 Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты. 10 Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ. 11 Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ исбон хӕлӕфӕй куы давтой, йӕ кулдуарӕй куы бахызтысты ӕмӕ Йерусалимыл хӕлттӕ куы ’ппӕрстой, уӕд ӕм ды та фӕрсӕрдыгӕй кастӕ. Ды дӕр уыдоны хуызӕн уыдтӕ! 12 Де ’фсымӕрыл фыдбылыз куы ’рцыд ӕмӕ йе сӕфты бон куы ралӕууыд, уӕд ӕм дӕуӕн райгондӕй кӕсын не ’мбӕлдис. Иудӕйы байзӕддагӕн се сӕфт куы ’рцыд, уӕд ууыл цин кӕнын ӕмӕ, фыдӕвзарӕнты куы бахаудысты, уӕд сыл худын не ’мбӕлди дӕуӕн. 13 Мӕ адӕмы ӕнамонды бон сӕ кулдуарӕй бахизын, се сӕфты бон сӕ фыдбылызтӕм кӕсын ӕмӕ дын сӕ исбоныл андзӕвын дӕр не ’мбӕлди. 14 Йӕ лидзджыты марыны охыл, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты лӕууын, бӕллӕхы бон дзы чи аирвӕзт, уыдоны се знӕгты къухмӕ дӕттын не ’мбӕлди дӕуӕн. 15 Уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы тӕрхоны бон, ӕппӕт адӕмтӕн сӕ Тӕрхоны бон! Ӕмӕ, дӕхӕдӕг куыд кодтай, афтӕ дын бакӕндзысты дӕхицӕн дӕр, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ. 16 Сымах Мӕ уаз хохыл куыд нуӕзтат, афтӕ ’ппӕт адӕмтӕ дӕр масты кӕхц нуаздзысты, фырнызтӕй ныррасыг уыдзысты, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн. 17 Фӕлӕ Сионы хохыл бирӕтӕ фервӕздзысты, ӕмӕ суыдзӕнис уаз бынат, Йаковы хӕдзар райсдзӕни йӕ исбон. 18 Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта. 19 Хуссарварс чи цӕры, уыдон бацахсдзысты Исавы хох, дӕлвӕзы цӕрджытӕ — филистимӕгты зӕхх, Ефрем ӕмӕ Самарийы быдыртӕ. Бениамин та бацахсдзӕнис Галаад. 20 Ӕмӕ Израилы хӕстонтӕй уымӕй размӕ сӕ зӕххӕй хаст чи ’рцыди, уыдон Ханааны зӕхх Сарептӕйы онг бацахсдзысты. Йерусалимӕй кӕй ракодтой ӕмӕ ныр Сефарады чи цӕры, уыдон та райсдзысты хуссайраг сахартӕ. 21 Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia