Апостолты хъуыддӕгтӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСавлы фембӕлд Чырыстиимӕ 1 Савлӕн раздӕрау ӕнӕуынон уыдысты Бардарӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ 2 ӕмӕ дзы Дамаскы синагогӕтӕм фыстӕджытӕ ракуырдта, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй, усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕрбакӕна Йерусалиммӕ. 3 Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст рухс ӕртыхсти. 4 Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?» 5 Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын». 6 Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый». 7 Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй: хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой. 8 Савл сыстади зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухтыл ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Дамаскмӕ. 9 Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци. 10 Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Ананиа. Бардарӕг ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ананиа!» Ананиа дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Бардарӕг». 11 Бардарӕг ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст йӕ ном кӕмӕн у, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном — Савл. Уый у Тарсы сахарӕй; ныр кувгӕ кӕны. 12 Савл цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном — Ананиа; уый йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ракӕса». 13 Ананиа дзуапп радта: «Бардарӕг, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй дӕр, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Йерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй дӕр бирӕтӕй фехъуыстон. 14 Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй, Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». 15 Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. 16 Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый». 17 Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй». 18 Ӕмӕ йын цыма уайтагъд йӕ цӕстытӕй хӕрв систӕуыд, афтӕ ӕваст цӕстӕй ракасти, сыстад, ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд. 19 Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕм йӕ хъарутӕ раздӕхтысты. Савл иу къорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ. Савлы уацамынд Дамаскы 20 Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ. 21 Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном чи ары, уыдоны Йерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не ’рбацыд, ӕви?» 22 Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейӕгтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд. Савл Йерусалимы 23 Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейӕгтӕ Савлы амарынвӕнд скодтой. 24 Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары раз. 25 Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы къулыл ӕруагътой. 26 Савл ӕрбацыд Йерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтимӕ баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы се ’ппӕт дӕр тарстысты — ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта. 27 Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ. 28 Савл иу цасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылди Йерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Бардарӕджы номыл. 29 Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта, бердзенаг ӕвзагыл цы дзуттӕгттӕ дзырдтой, уыдонимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд. 30 Ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ ӕмӕ йӕ уырдыгӕй арвыстой Тарсмӕ. 31 Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл. Еней сдзӕбӕх 32 Петр сахартыл куы зылди, уӕд бабӕрӕг кодта Лиддӕйы сахары цӕрӕг сыгъдӕджыты. 33 Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном — Еней. Уый ӕндзыгнизӕй сади — аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад. 34 Петр ын загъта: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ ӕрбатух дӕ хуыссӕн». Еней уайтӕккӕ рабадти. 35 Лиддӕ ӕмӕ йӕ Шароны цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой. Тавифӕ райгас 36 Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта. 37 Уыцы рӕстӕг Тавифӕ ӕрбарынчын ис ӕмӕ амарди. Цынадтой йӕ ӕмӕ йӕ уӕллаг уаты сӕвӕрдтой. 38 Лиддӕ Яффомӕ хӕстӕг уыд, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын зӕгъой: «Рацу нӕм ӕвӕстиатӕй». 39 Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон. 40 Петр се ’ппӕты дӕр рарвыста уатӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадти. 41 Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта. 42 Уыцы хабар айхъуыст ӕгас Яффойыл, ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Бардарӕгыл. 43 Ӕмӕ ма Петр бирӕ рӕстӕг фӕци Яффойы, цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia