Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Савл ӕфхӕры уырнджыты

1 Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.

2 Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.

3 Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, хӕдзӕрттыл зылди, уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ахста ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта.


Филиппы уацамынд Самарийы

4 Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ та уыцы рӕстӕг, кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, уым хъусын кодтой Фарны Уац.

5 Филипп ацыди самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.

6 Филипп цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй адӕм хъусгӕ дӕр кодтой ӕмӕ сӕ цӕстӕй дӕр уыдтой, уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуыстой лӕмбынӕг.

7 Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, ӕндзыгнизӕй чи хъӕрзыд, уыдонӕй бирӕтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.

8 Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.

9 Сахары царди иу адӕймаг, йӕ ном — Симон. Уый раздӕр уыди кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ самариӕгты дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта.

10 Хъуыстой йӕм стырӕй, чысылӕй ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис Хуыцауы тых, стыр кӕй хуындӕуы, уый».

11 Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы йӕ кӕлӕнтӕй стыр дисы ӕфтыдта.

12 Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.

13 Симон йӕхӕдӕг дӕр баууӕндыд, аргъуыд райста ӕмӕ иудадзыг уыди Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.

14 Апостолтӕ Йерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы Дзырдыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.

15 Петр ӕмӕ сӕм Иоанн куы ӕрбацыдысты, уӕд бакуывтой, цӕмӕй самариӕгтӕ схайджын уой Сыгъдӕг Удӕй.

16 Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын — ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Бардарӕг Йесойы номыл.

17 Петр ӕмӕ сыл Иоанн ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты.

18 Апостолты къухты ӕрӕвӕрдӕй Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый Симон куы федта, уӕд апостолтӕн ӕхца ӕрбахаста

19 ӕмӕ загъта: «Раттут мӕнӕн дӕр тых, цӕмӕй-иу, ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уый схайджын уа Сыгъдӕг Удӕй».

20 Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, цыма Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис.

21 Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.

22 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.

23 Уымӕн ӕмӕ ӕз уынын: ды маргӕй дзаг дӕ, тӕригъӕды уацары бахаудтӕ».

24 Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Бардарӕгмӕ, ӕмӕ, цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».


Филипп ӕмӕ евнух

25 Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй уацамынд куы фӕкодтой ӕмӕ Бардарӕджы Ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Йерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой Фарны Уац.

26 Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Йерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг ис, цӕуӕг кӕуыл нӕй, уырдӕм».

27 Ӕмӕ Филипп араст ис. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти эфиопаг евнух, Кандакийы, ома эфиопаг ус-паддзахы, фӕсдзӕуин, стыр хицау — йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыди Йерусалимы.

28 Йӕ къареты бадти ӕмӕ касти пехуымпар Исайайы чиныг.

29 Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».

30 Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»

31 Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куынӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филипмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.

32 Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ, уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Уый дӕр ӕдзӕмӕй лӕууыди.

33 Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын чи цы зоны, кӕд ӕмӕ Йын айстой Йӕ цард зӕххӕй?».

34 Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»

35 Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын радзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй.

36 Сӕ фӕндаг дардтой, афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ — дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»

37 [Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]

38 Евнух радта къарет бауромыны бардзырд. Сӕ дыууӕ дӕр, Филипп ӕмӕ евнух, ныххызтысты донмӕ, ӕмӕ йыл Филипп саргъуыдта.

39 Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл.

40 Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan