Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Стефаны ныхас

1 Уӕд ӕй алчер бафарста: «Цы дӕ дзурынц, уый ӕцӕг у?»

2 Стефан загъта: «Ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Хараны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы Йӕ кады тӕмӕны раргом ис Хуыцау

3 ӕмӕ йын загъта: „Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамонон, уырдӕм“.

4 Уыйадыл Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Хараны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл.

5 Хуыцау дзы Авраамӕн уылынджы йас дӕр не схай кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, „йӕхи ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты кӕй бауыдзӕн“, уымӕй, кӕд ӕмӕ Авраамӕн уӕд зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр.

6 Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ цагъартӕ уыдзысты ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафдзысты.

7 Фӕлӕ Ӕз, цагъары ӕфсондз сыл чи сӕвӕра, уыцы адӕмӕн стӕрхон кӕндзынӕн, — загъта Хуыцау, — ӕмӕ уый фӕстӕ рацӕудзысты уырдыгӕй ӕмӕ Мын ацы бынаты кувдзысты“.

8 Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.

9 Уыцы рагфыдӕлтӕ сӕ хӕлӕгӕй Йосефы ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ Хуыцау йемӕ уыд

10 ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.

11 Уый фӕстӕ ӕппӕт Мысыры ӕмӕ Ханааны зӕххыл скодта стонг рӕстӕг, адӕм хъизӕмарӕй мардысты, хойраг нал уыди нӕ фыдӕлтӕм.

12 Мысыры хор кӕй ис, уый фехъусгӕйӕ, Йаков нӕ фыдӕлты уырдӕм арвыста фыццаг хатт.

13 Дыккаг хатт куы ацыдысты, уӕд Йосеф йӕхи раргом кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ фараон базыдта Йосефы хиуӕтты тыххӕй.

14 Йосеф арвыста хонӕг йӕ фыд Йаков ӕмӕ йе ’ппӕт хиуӕттӕм — фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.

15 Йаков ӕрбацыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр.

16 Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Шехеммӕ ӕмӕ, Авраам Хаморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.

17 Хуыцау Авраамӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, цы зӕрдӕвӕрд радта, уымӕн йӕ сӕххӕст кӕныны афон куыд ӕввахсдӕр кодта, афтӕ Мысыры фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтыд нӕ адӕмы нымӕцыл.

18 Афтӕ уыди, цалынмӕ, Йосефы хабар чи нӕ зыдта, ӕндӕр ахӕм паддзах бӕстӕйы сӕргъы не ’рлӕууыд, уӕдмӕ.

19 Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ӕфхӕрдта нын нӕ фыдӕлты; сӕ сабиты сын ӕппарын кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ ӕрцӕуой.

20 Уыцы рӕстӕг райгуырди Моисей; уый уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.

21 Хӕдзарӕй йӕ куы рахастой ӕмӕ йӕ куы ныууагътой, уӕд ӕй ссардта фараоны чызг ӕмӕ йӕ схаста йӕхи фыртау.

22 Моисейы сахуыр чындӕуыд, мысыраг куырыхонтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттыл, уый уыдис тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.

23 Дыууиссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд ӕм фӕзындис йе ’фсымӕрты, Израилы адӕмы, бабӕрӕг кӕныны фӕнд.

24 Моисей федта, иу мысыраг дзуттаджы куыд ӕфхӕрдта, уый ӕмӕ дзуттаджы фарс рахӕцыд, амардта мысыраджы ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ маст райста.

25 Ӕнхъӕл уыди, Хуыцау сӕ йӕ фӕрцы цагъарадӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый йе ’фсымӕртӕ бамбардзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.

26 Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?“

27 Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй?

28 Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?“

29 Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мидианаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырди дыууӕ фырты.

30 Дыууиссӕдз азы фӕстӕ йӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры, судзгӕ сындзкъутӕры арты ӕвзӕгты, фӕзынди зӕд.

31 Моисей йӕ куы федта, уӕд дисы бафтыди. Ӕмӕ йӕм, дзӕбӕхдӕр ӕй фенон, зӕгъгӕ, куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Хуыцау загъта:

32 „Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Йаковы Хуыцау“. Моисей фыр тӕссӕй скӕсын дӕр нӕ уӕндыд.

33 Хуыцау ын загъта: „Дӕ дзабыртӕ ралас дӕ къӕхтӕй, уымӕн ӕмӕ, цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.

34 Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.

35 Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы.

36 Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.

37 Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы Хуыцау скӕндзӕни Пехуымпар“.

38 Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.

39 Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыди Моисейы коммӕ кӕсын, сӕхи йыл атигъ кодтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕхсайдта Мысырмӕ.

40 Уыдон загътой Ааронӕн: „Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцӕуттӕ нын сараз, уымӕн ӕмӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм“.

41 Ӕмӕ сарӕзтой сыгъзӕрин род, уыцы гуымирыйӕн ӕрхастой нывонд ӕмӕ, сӕхи къухӕй кӕй сарӕзтой, уый раз бӕрӕгбон скодтой.

42 Хуыцау сӕ Йе ’ргом аздӕхта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонмӕ, пехуымпартӕм куыд фыст ис, афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы кусӕрттӕ Мӕнӕн кодтат ӕмӕ нывӕндтӕ Мӕнӕн хастат?

43 Сымах уемӕ Молохы цатыр ӕмӕ Рефаны стъалы хастат — цы фӕлгонцтӕ сарӕзтат, уыдонӕн кувынӕн. Уымӕ гӕсгӕ уӕ Ӕз Вавилонӕй дарддӕр уацары акӕнын кӕндзынӕн“.

44 Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг быдыры уыди Уаз Цӕрӕн. Моисей йӕ сарӕзта Хуыцауы амындтытӕм ӕмӕ, цы хуызӕг ын равдыста, уыдонмӕ гӕсгӕ.

45 Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг.

46 Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.

47 Хӕдзар та Йын Соломон сарӕзта.

48 Фӕлӕ Иууылбӕрзонд къухӕйконд хӕдзӕртты нӕ цӕры! Уый фӕдыл пехуымпар зӕгъы:

49 „Уӕларв — Мӕ бадӕн, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах, кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат? — зӕгъы Дунедарӕг. —

50 Ӕппӕт уыдӕттӕ Мӕхи къухӕй не сфӕлдыстон, ӕви?“

51 Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.

52 Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не ’фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы адӕймӕгты. Сымах та ныр Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат!

53 Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».


Стефаны мӕлӕт

54 Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди.

55 Стефан та — Сыгъдӕг Удӕй йемыдзаг, афтӕмӕй — скасти арвмӕ, федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы, Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ.

56 «Мӕнӕ уынын, — загъта, — арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ».

57 Уӕд уыдон иууылдӕр иумӕ ныхъхъӕр кодтой, сӕ хъустӕ ахгӕдтой ӕмӕ йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.

58 Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.

59 Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг».

60 Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan