Апостолты хъуыддӕгтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАвд лӕггадгӕнӕджы 1 Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыд, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕуарынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ. 2 Уӕд дыууадӕс апостолы ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ загътой: «Махӕн не ’мбӕлы Хуыцауы ныхас амонын ныууадзын ӕмӕ фынгӕвӕрдтыл тыхсын. 3 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл, 4 нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы Дзырд парахат кӕныныл». 5 Уыцы фӕндон фӕцыди се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр, ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Никколайы. 6 Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Уыдон сын бакуывтой ӕмӕ сыл сӕ къухтӕ авӕрдтой. 7 Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Йерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл. Стефаны ӕрцахстой 8 Стефан та, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ хъаруйӕ хайджынӕй, адӕмы раз арӕзта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ. 9 Цавӕрдӕр киренӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ сӕрибар райсджыты Синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Килики ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕу кӕнын райдыдтой Стефанимӕ. 10 Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыди йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын. 11 Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый». 12 Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ уыдон балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ. 13 Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ. 14 Мах, цы дзырдта, уый фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ». 15 Синедрионы чи бадти, уыдон се ’ппӕт дӕр Стефанмӕ кастысты ӕмӕ уыдтой: йӕ цӕсгом уыди зӕды цӕсгомау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia