Апостолты хъуыддӕгтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАнаниа ӕмӕ Сапфирӕ 1 Уӕд иу лӕг, йӕ ном — Ананиа, йӕ ус Сапфирӕимӕ ауӕй кодтой сӕ мулк. 2 Ананиа ӕхцатӕй иу цасдӕр ныууагъта йӕхицӕн, иннӕ хай та ӕрбахаста ӕмӕ сӕ апостолтӕм радта. Кӕй дзы басусӕг кодта, уый зыдта йӕ ус дӕр. 3 Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай? 4 Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы». 5 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди. 6 Лӕппутӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ныгӕнынмӕ ӕрцӕттӕ кодтой, стӕй йӕ рахастой ӕмӕ баныгӕдтой. 7 Ӕртӕ сахаты фӕстӕ йӕ ус дӕр ӕрбахӕццӕ, ныр, цы ӕрцыди, уый та нӕ зыдта. 8 Петр ӕй бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ахӕм аргъыл ауӕй кодтат уӕ зӕхх?» Уый дзуапп радта: «О, ахӕм аргъыл». 9 Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты». 10 Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты бынмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ. 11 Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй, уыцы хабар чидӕриддӕр фехъуыста, уыдоны дӕр. Ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ 12 Апостолты фӕрцы адӕмӕн ӕвдыст цыди бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Ӕппӕт уырнджытӕ-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Соломоны тыргъы. 13 Семӕ баиумӕ ӕддагӕттӕй йӕ ныфс ничи хаста, фӕлӕ сын адӕм кад кодтой. 14 Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Бардарӕгыл ӕууӕндджытӕ — сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. 15 Адӕм сӕ рынчынты хастой уынгтӕм, ӕвӕрдтой сӕ хуыссӕнтӕ ӕмӕ сынтытыл, цӕмӕй дзы искӕуыл сӕ рӕзты цӕуӕг Петрӕн йӕ аууон уӕддӕр андзӕва. 16 Йерусалиммӕ бирӕ адӕм цыди хӕстӕг сахартӕй дӕр. Уыдон кодтой рынчынты, стӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ кӕй хъыгдардтой, ахӕмты, ӕмӕ-иу се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты. Апостолты ӕфхӕрынц 17 Алчер ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр (ома саддукейты къорд) хӕлӕгӕй мардысты. 18 Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой. 19 Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рауагъта ӕмӕ загъта: 20 «Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут». 21 Уыдон ӕм байхъуыстой, сӕумӕйӕ бацыдысты Кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кодтой адӕмы. Алчер йе ’мбӕлццӕттимӕ куы ӕрбацыд, уӕд ӕрӕмбырд кодтой синедрион, ома Израилы адӕмы ӕппӕт хистӕрты, ӕмӕ арвыстой ахӕстонмӕ — апостолты ӕрбакӕнынмӕ. 22 Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ӕрбацыдысты ахӕстонмӕ, фӕлӕ апостолты уым не ссардтой. Уӕд раздӕхтысты ӕмӕ загътой: 23 «Ахӕстон баййӕфтам, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕхгӕдӕй, хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуӕртты цур, фӕлӕ сӕ куы байгом кодтам, уӕд дзы никӕй ссардтам». 24 Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой. 25 Фӕлӕ ӕрбацыд иу чидӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах ахӕстоны кӕй бакодтат, уыцы лӕгтӕ ныртӕккӕ сты Кувӕндоны ӕмӕ амонынц адӕмӕн». 26 Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй. 27 Ӕрбакодтой апостолты ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодтой синедрионы раз. Алчер сӕ бафарста: 28 «Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат». 29 Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм. 30 Сымах хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта. 31 Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахизфарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ. 32 Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм мах, стӕй, Хуыцау Йӕ коммӕгӕстӕн кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд». 33 Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм сӕвзӕрд апостолты амарыны фӕнд. 34 Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиел, динамонӕг, адӕмы ’хсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитын кодта. 35 Стӕй синедрионы уӕнгтӕн загъта: «Израилӕгтӕ, хорз ахъуыды кӕнут, ацы адӕмӕн уын цы гӕнгӕ у, ууыл. 36 Ӕрӕджы Февдӕ ам февзӕрд, стыр лӕг арӕзта йӕхицӕй, ӕмӕ ма йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ куы амардӕуыд, уӕд йӕ фӕдыл цӕуджытӕ иууылдӕр ныххӕлиу сты — ууыл ахицӕн хъуыддаг. 37 Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты. 38 Ныр дӕр, зӕгъын уын, ма хъыгдарут ацы адӕмы. Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн. 39 Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат». 40 Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой. 41 Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл. 42 Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы Фарны Уац. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia