Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Петр сдзӕбӕх кодта цӕнкуылы

1 Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.

2 Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура.

3 Петр ӕмӕ Иоанны куы федта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны, уӕд уыдонмӕ дӕр лӕгъстӕгӕнгӕ бахатыд.

4 Петр ӕмӕ йӕм Иоанн ӕдзынӕг ныккастысты, ӕмӕ йын Петр загъта: «Ӕрбакӕс-ма нӕм».

5 Уый сӕм скасти, кӕд мын исты раттиккой, зӕгъгӕ.

6 Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сыгъзӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын».

7 Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уыцы тӕккӕ уысм тых бацыди рынчыны дыууӕ къахы фады ӕмӕ йӕ уӕрджыты,

8 алӕууыд йӕ къӕхтыл ӕмӕ райдыдта цӕуын. Кувӕндонмӕ семӕ фӕраст ис ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, рауай-бауай ӕмӕ гӕппытӕ кодта.

9 Куыд рауай-бауай кодта ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодта, уый адӕм иууылдӕр уыдтой.

10 Базыдтой йӕ: Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур цы мӕгуыргур лӕг уыди, уый у. Цы йыл ӕрцыди, уый сӕ дисы бафтыдта.


Петры ныхас Соломоны тыргъы

11 Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны уӕгъд куынӕуал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.

12 Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма, йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?

13 Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы, сымах марынмӕ Кӕй радтат ӕмӕ, Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд йӕ разы уӕхи Кӕуыл атигъ кодтат, Уыцы Йесо Чырыстийы.

14 Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат ӕмӕ бахатыдыстут, цӕмӕй уын суӕгъд кӕной лӕгмары,

15 Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта — мах уымӕн ӕвдисӕн.

16 Йесойы ном, мӕнӕ кӕй уынут ӕмӕ хорз кӕй зонут, уыцы лӕгӕн хъару радта. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ цӕсты раз бынтондӕр сӕнӕниз кодта.

17 Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, уӕ хицӕуттау сымах дӕр Йесойӕн афтӕ уымӕн бакодтат, ӕмӕ, цы ми кӕнут, уый не ’мбӕрстат.

18 Хуыцау пехуымпарты дзыхӕй Чырыстийы хъизӕмӕртты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта.

19 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.

20 Уӕд уын Дунедарӕг саккаг кӕндзӕн сног кӕныны рӕстӕджытӕ ӕмӕ уын рарвитдзӕни нысангонд Йесо Чырыстийы.

21 Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.

22 Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар. Уый уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.

23 Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн“.

24 Самуел ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой.

25 Сымах та пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ стут. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ. Уый загъта Авраамӕн: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр“.

26 Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan