Апостолты хъуыддӕгтӕ 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавел раст кӕны йӕхи 1 Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи сраст кӕныны тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын: 2 «Паддзах Агриппӕ! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейӕгтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй абон дӕ разы мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй. 3 Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейӕгты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фӕрстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, фӕразонӕй мӕм байхъус. 4 Ме ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ ӕз куыд цӕрын, уый иудейӕгтӕ иууылдӕр зонынц. Тӕккӕ райдианӕй ӕз цардтӕн мӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ Йерусалимы. 5 Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй — нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ. 6 Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй. 7 Уыцы зӕрдӕбавӕрды сӕххӕстӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы дӕр, ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Уыцы ныфсы тыххӕй, паддзах, мӕн иудейӕгтӕ аххосджын кӕнынц. 8 Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссагыл нымайут, ӕви? 9 Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у. 10 Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Йерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты бакодтон ахӕстӕтты; мӕлӕты тӕрхон сын-иу куы хастой, уӕд хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл. 11 Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр. 12 Уыцы нысанимӕ ӕз алчертӕй райстон бар ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ. 13 Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй ирддӕр чи уыди, мӕныл ӕмӕ ме ’мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй. 14 Не ’ппӕт дӕр ӕрхаудыстӕм зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мӕм чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ цӕуын“. 15 Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“ Бардарӕг загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо. 16 Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн. 17 Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕгтӕй — Ӕз дӕ уыдонмӕ ӕрвитын, 18 цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“. 19 Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппӕ, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци. 20 Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй. 21 Уый тыххӕй мӕ иудейӕгтӕ Кувӕндоны ӕрцахстой ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ. 22 Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый. 23 Ома Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн». 24 Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фыр ахуырӕй дӕ зонд фӕцыд». 25 Павел дзуапп радта: «Нӕ, кадджын Фест, ӕз сӕрхъӕн нӕ дӕн, фӕлӕ зӕгъын, раст зондӕй чи цӕуы, ӕцӕгады уыцы ныхӕстӕ. 26 Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ фӕскъуым не ’рцыдысты. 27 Паддзах Агриппӕ, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын». 28 Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?» 29 Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй, тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон се ’ппӕт дӕр мӕ хуызӕттӕ суой, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй». 30 Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Верникӕ, стӕй, семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты. 31 Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг, амарын кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарын цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕмӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ. 32 Агриппӕ загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймаджы суӕгъдгӕнӕн уаид». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia