Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Павел ӕмӕ Фест

1 Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Йерусалиммӕ.

2 Йерусалимы йӕм Павелыл хъаст бахастой алчертӕ ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ.

3 Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.

4 Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.

5 Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ ӕмӕ, кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт».

6 Фест сӕм фӕци аст-дӕс боны, стӕй ӕрыздӕхти Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд.

7 Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд.

8 Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».

9 Фесты фӕндыд иудейӕгты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Йерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын, азымджын дӕ цӕмӕй кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй уым рахӕссон тӕрхон?»

10 Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын тӕрхон ам хъуамӕ кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейӕгты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.

11 Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».

12 Уӕд Фест аныхас кодта йӕ уынаффӕдоны уӕнгтимӕ ӕмӕ дзуапп радта: «Ды ӕрдомдтай кесӕры тӕрхон ӕмӕ ацӕудзынӕ кесӕрмӕ».


Павел ӕмӕ Агриппӕ

13 Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.

14 Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг.

15 Ӕз Йерусалимы куы уыдтӕн, уӕд ыл алчертӕ ӕмӕ иудейӕгты хистӕртӕ бахъаст кодтой. Уыдон мӕнӕй домдтой, цӕмӕй йын ӕз тӕрхон рахӕссон.

16 Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи сраст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау никӕй дӕтты бафхӕрынмӕ.

17 Уыдон ӕрцыдысты ардӕм, ӕмӕ ӕз ӕвӕстиатӕй дыккаг бон ӕрбадтӕн тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радтон уыцы лӕджы ӕрбакӕныны бардзырд.

18 Зылынгӕнджытӕ сыстадысты йӕ ныхмӕ, ӕмӕ, ӕз цы фыдракӕндтӕй ӕнхъӕл уыдтӕн, уыдонӕй йӕ иуӕй дӕр нӕ базылын кодтой.

19 Фӕлӕ сын йемӕ уыди цыдӕр быцӕутӕ: сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй — Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ.

20 Ахӕм фӕрстытӕ куыд лыггӕнгӕ сты, уый кӕй не ’мбӕрстон, уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарстон, фӕнды йӕ, мыййаг, Йерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ уым тӕрхоны раз ӕрлӕууын?

21 Фӕлӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныууадзой ахӕстоны, цалынмӕ кесӕр уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ. Уӕд ӕз бардзырд радтон, цалынмӕ йӕ кесӕрмӕ арвитон, уӕдмӕ йӕ ахӕстоны куыд дарой».

22 Агриппӕ загъта Фестӕн: «Мӕн дӕр фӕнды уыцы адӕймагмӕ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тӕккӕ райсом ӕм байхъусдзынӕ».

23 Дыккаг бон Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ хъӕздыгарӕзтӕй бацыдысты тӕрхондонмӕ, ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.

24 Фест загъта: «Паддзах Агриппӕ ӕмӕ, ам немӕ чи ис, уыцы хорз адӕм! Сымах уынут, Йерусалимы дӕр ӕмӕ ам дӕр иудейӕгтӕ иууылдӕр мӕнмӕ сӕ хъаст кӕуыл хастой ӕмӕ йын удӕгасӕй ныууадзӕн нӕй, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй хъӕр кодтой, уыцы адӕймаджы.

25 Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.

26 Кесӕрмӕ ацы адӕймаджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппӕ, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.

27 Уымӕн ӕмӕ, ахст адӕймаджы цӕмӕй зылын кӕнынц, уый ма бавдис, афтӕмӕй йӕ арвит, уый мӕм раст нӕ кӕсы».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan