Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Павелы азымджын кӕнынц

1 Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд алчер Ананиа адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ Павелыл бахъаст кодтой.

2 Павелы куы бакодтой, уӕд ӕй Тертулл зылын кӕнын райдыдта:

3 «Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон ахъаз сты ацы адӕмы фӕрныг цардӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс.

4 Фӕлӕ дӕ цӕмӕй ма фӕлмӕцын кӕнон, уый тыххӕй дӕ курын: дӕ хорзӕхӕй, иу чысыл нӕм байхъус.

5 Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у емынӕйӕ фыддӕр, ӕппӕт дунейы иудейӕгты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.

6 Уый архайдта суанг Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды йын уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын,

7 фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй,

8 ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн арвыста дӕумӕ.] Ацы лӕгӕн йӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ».

9 Иудейӕгтӕ разы уыдысты Тертуллы ныхӕстыл ӕмӕ дзырдтой, ӕппӕт дӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ.


Павел раст кӕны йӕхи

10 Бӕстӕйы хицау Павелмӕ ацамыдта, ӕмӕ уый райдыдта йӕ ныхас: «Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы тӕрхонгӕнӕг кӕй дӕ, уый, ӕмӕ мын ӕхсызгон у дӕ разы мӕхи раст кӕнын.

11 Дӕ бон базонын у: ӕз Йерусалиммӕ бакувынмӕ куы ӕрцыдтӕн, ууыл дыууадӕс бонӕй фылдӕр нӕма рацыди.

12 Нӕдӕр Кувӕндоны, нӕдӕр синагогӕты, нӕдӕр сахары ӕндӕр ран мӕн нӕ фендӕуыд искӕимӕ быцӕугӕнгӕ кӕнӕ адӕмы змӕнтгӕ.

13 Ӕмӕ сӕм ныр, цӕмӕй мӕ зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕм цы бавдисой, уый нӕй.

14 Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.

15 Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.

16 Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.

17 Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон.

18 Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд мӕ баййӕфтой Кувӕндоны; нӕдӕр дзы бирӕ адӕм уыди, нӕдӕр змӕст.

19 Фӕлӕ уым уыдысты цавӕрдӕр асиаг иудейӕгтӕ; мӕ ныхмӕ сӕм исты куы уыдаид, уӕд хъуамӕ лӕууиккой дӕ разы ӕмӕ мӕн зылын кӕниккой.

20 Кӕнӕ, ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, синедрионы раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цы азым ссардтой, уый.

21 Ӕрмӕст иу фыдракӕнд сарӕзтон — сӕ разы лӕугӕйӕ, ӕз хъӕлӕсыдзагӕй загътон: „Абон мын сымах тӕрхон кӕнут, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй“».

22 Феликс бӕстон зыдта Бардарӕджы фӕндаджы тыххӕй ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».

23 Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ, дам, ын хъуамӕ иу чысыл фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ куыд мачи хъыгдара, афтӕ.

24 Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрбацыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уый уыди дзуттаг). Феликс ӕрбакӕнын кодта Павелы ӕмӕ хъуыста, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.

25 Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».

26 Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕнис, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй арӕх ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ ныхас кодта йемӕ.

27 Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan