Апостолты хъуыддӕгтӕ 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавел синедрионы раз 1 Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у». 2 Уӕд алчер Ананиа, Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой. 3 Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ӕрцӕвдзӕн, чъырӕйцагъд сис! Цӕмӕй мын Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай, уый тыххӕй ам бадыс, афтӕмӕй радтай мӕ нӕмыны бардзырд ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау!» 4 Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры ӕфхӕрыс?» 5 Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Дӕ адӕмы фӕтӕджы фыдгой ма кӕ“». 6 Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй». 7 Павел афтӕ куы загъта, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ фӕбыцӕу сты, ӕмӕ ӕмбырд дыууӕ дихы фӕцис. 8 (Саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ, дам, нӕ райгас уыдзысты, нӕй, дам, зӕдтӕ ӕмӕ удтӕ. Фарисейтӕ та ӕппӕт уыдӕттыл ӕууӕндынц.) 9 Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?» 10 Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной. 11 Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр». Сусӕгвӕнд Павелы ныхмӕ 12 Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. 13 Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр. 14 Уыдон бацыдысты алчертӕм, стӕй адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыныл. 15 Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ». 16 Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн. 17 Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы». 18 Уый лӕппуйы бакодта ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ахст Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ куырдта, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбакӕнон; цыдӕр зӕгъинаг дын у». 19 Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?» 20 Лӕппу дзуапп радта: «Иудейӕгтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды, афтӕ. 21 Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у». 22 Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн цы загътай, уый макӕмӕн радзур». Ӕмӕ йӕ ауагъта. Павелы арвыстой Кесаримӕ 23 Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ. 24 Ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ Павелы сӕрӕгасӕй бӕстӕйы хицау Феликсмӕ куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ». 25 Ныффыста ма ахӕм фыстӕг дӕр: 26 «Клавдий Лисийӕ — бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у. 27 Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ ӕмӕ, ромаг гражданин у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон. 28 Цӕмӕй йӕ азымджын кӕнынц, уый базоныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ синедрионмӕ. 29 Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, се ’Гъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фӕрстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ арынц. 30 Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын». 31 Ӕфсӕддонтӕ цы бардзырд райстой, уымӕ гӕсгӕ Павелы ӕхсӕвы бахӕццӕ кодтой Антипатридӕмӕ. 32 Дыккаг бон барджытӕн бабар кодтой, цӕмӕй Павелимӕ дарддӕр цӕуой, сӕхӕдӕг та ӕрбаздӕхтысты фидармӕ. 33 Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йын Павелы йӕ бар ныууагътой. 34 Бӕстӕйы хицау бакасти фыстӕг ӕмӕ Павелы, кӕцон у, уымӕй бафарста. Киликийӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд загъта: 35 «Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia