Апостолты хъуыддӕгтӕ 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ». 2 Дзуттагау кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд бынтон ныхъхъус сты. Павел загъта: 3 «Ӕз дӕн иудейаг, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиелы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уе ’ппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн. 4 Ӕз ӕфхӕрдтон, ацы фӕндагыл чи цыди, уыдоны, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр ӕмӕ сӕ кодтон ахӕстоны. 5 Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не ’фсымӕртӕм, дамаскаг иудейӕгтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Йерусалиммӕ. 6 Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл ӕмбисбонмӕ хӕстӕг ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй. 7 Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?“ 8 Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“ Уый мын загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Назаретаг Йесо“. 9 Ме ’мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой. 10 Уӕд ӕз бафарстон: „Бардарӕг, цы гӕнгӕ мын у?“ Бардарӕг мын загъта: „Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ — уым дын загъдӕуыдзӕн, Хуыцау дын цы саразын снысан кодта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй“. 11 Ӕз рухсы тӕмӕнмӕ кӕй бакуырм дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ме ’мбӕлццӕттӕ ныххӕцыдысты мӕ къухыл ӕмӕ мӕ ӕркодтой Дамаскмӕ. 12 Иу лӕг, Ананиа, — Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейӕгтӕм нымад — 13 ӕрбацыди мӕнмӕ, ӕрлӕууыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын загъта: „Ме ’фсымӕр Савл, дӕ цӕстӕй ракӕс“. Ӕз уыйадыл ракастӕн мӕ цӕстӕй ӕмӕ йӕ федтон. 14 Ананиа мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс. 15 Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй. 16 Уӕдӕ ма цӕмӕн фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ“. 17-18 Йерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд цӕстылуайӕны федтон Бардарӕджы. Уый мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй ацы ран куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты“. 19 Ӕз загътон: „Бардарӕг, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый. 20 Де ’вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз нымадтон растыл; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ“. 21 Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“». Павел ӕмӕ ӕфсӕддон хицау 22 Адӕм ӕм хъуыстой, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодтой: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!» 23 Адӕм хъӕр систой, сӕ пӕлӕзтӕ хӕрдмӕ ӕппӕрстой ӕмӕ рыг калдтой уӕлӕмӕ. 24 Уӕд ӕфсӕддон хицау бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ бакӕной ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмой: уый фӕндыд базонын, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый. 25 Фӕлӕ йӕ нӕмыны тыххӕй куы сбастой, уӕд Павел йӕ фарсмӕ лӕууӕг сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ау, сымахӕн ромаг гражданины ехсӕй нӕмыны бар ис, уыимӕ ӕнӕ тӕрхонӕй?» 26 Сӕдӕйыхицау уый куы фехъуыста, уӕд бацыди ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый цы кусыс? Ацы адӕймаг ромаг гражданин у». 27 Уӕд миныхицау бацыди Павелмӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ды ромаг гражданин дӕ?» Павел дзуапп радта: «О». 28 Ӕфсӕддон хицау загъта: «Цӕмӕй ромаг гражданин суон, уый тыххӕй ӕз бирӕ ӕхца бафыстон». Павел ын загъта: «Ӕз та мӕ райгуырынӕй фӕстӕмӕ дӕн ромаг гражданин». 29 Ехсӕй нӕмынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдон ӕй уайтӕккӕ ныууагътой. Ӕфсӕддон хицау куы базыдта, Павел ромаг гражданин у, уый, уӕд дзы тас бацыд, рӕхыстӕй йӕ кӕй сбаста, уый тыххӕй. 30 Иудейӕгтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд ӕмӕ сӕм ӕй ракодта. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia