Апостолты хъуыддӕгтӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстСыгъдӕг Уды ӕрцыд 1 Къуыриты бӕрӕгбон ралӕууыд, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты. 2 Ӕвиппайды цыма уаддымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ, кӕм бадтысты, уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг. 3 Ӕмӕ арты ӕвзӕгты хуызӕн цыдӕр ауыдтой; уыцы ӕвзӕгтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты, ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр фӕйнӕ абадти. 4 Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ. 5 Уыцы рӕстӕг Йерусалимы уыди дингӕнӕг иудейӕгтӕ алы бӕстӕтӕй, дунейы алы кӕрӕттӕй, 6 ӕмӕ уынӕрмӕ бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис. Сӕхи ӕвзӕгтыл дзургӕ сӕ куы фехъуыстой, уӕд дисы бафтыдысты 7 ӕмӕ дисгӕнгӕ фарстой: «Чи дзуры, уыдон иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты, ӕви? 8 Уӕдӕ сӕ махӕй алчидӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг куыд хъусы? 9 Не ’хсӕн ис парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ еламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудей ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Азийы, 10 Фриги ӕмӕ Памфилийы, Мысыр ӕмӕ Ливийы, Киренӕйы алфамбылай цӕрджытӕ, ромӕгтӕ, 11 иудейӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауыл баууӕндӕг муртаттӕгтӕ, критӕгтӕ ӕмӕ араббӕгтӕ. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нын нӕхи ӕвзӕгтыл куыд дзурынц, уый!» 12 Иууылдӕр рохстӕй аззадысты ӕмӕ кӕрӕдзийы дисгӕнгӕ фарстой: «Уый, цымӕ, цы уа?» 13 Уыдис, худгӕ сыл чи кодта, ахӕмтӕ дӕр: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты». Петры раныхас 14 Уӕд Петр иннӕ иуӕндӕс апостолимӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз ӕмӕ сын, алчидӕр ӕй куыд хъуса, афтӕ хъӕрӕй дзурын райдыдта: «Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг мӕм ӕрбайхъусут ӕмӕ йӕ бамбарат. 15 Сымах куыд ӕнхъӕл стут, хъуыддаг афтӕ нӕу: ацы адӕм нозтджын не сты — нырма боны ӕртыккаг сахат у. 16 Фӕлӕ, пехуымпар Иоел рагагъоммӕ кӕй загъта, уый сӕххӕст ис: 17 „Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, — Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ; уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ. 18 Уыцы бонты суанг Мӕ цагъарты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — Ӕз схайджын кӕндзынӕн Мӕ удӕй, ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты. 19 Равдисдзынӕн диссӕгтӕ уӕле, арвыл, ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ бынӕй, зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ. 20 Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн — Бардарӕджы стыр ӕмӕ кадджын Боны размӕ. 21 Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ: Бардарӕджы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн“. 22 Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон. 23 Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат. 24 Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд. 25 Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Бардарӕг мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр; Уый мӕ рахизфарс ис — ӕз нӕ фӕцуддзынӕн. 26 Уымӕн райы мӕ зӕрдӕ, мӕ былалгъыл — цин; суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн, 27 уымӕн ӕмӕ Ды мӕн нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты, Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын. 28 Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ, Дӕ цӕсгомы раз мӕ байдзаг кӕндзынӕ цинӕй“. 29 Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у. 30 Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йӕ паддзахы бадӕн ын йӕ байзӕддагӕн кӕй ратдзӕн. 31 Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ йӕ ацы ныхӕстӕ Чырыстийы райгасы тыххӕй сты: „Хуыцау Ӕй нӕ ныууадздзӕн мӕрдтыбӕсты, Йӕ буар нӕ бамбийдзӕн“. 32 Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ. 33 Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ. 34 Давид уӕлӕрвтӕм не ссыди, фӕлӕ уый зӕгъы: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, 35 ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“. 36 Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти». 37 Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?» 38 Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут. 39 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн». 40 Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй». Уырнджыты цард 41 Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц. 42 Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой. 43 Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймагмӕ дӕр уыди Хуыцауы тас. 44 Уырнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕмуд-ӕмвӕнд, сӕ исбон дӕр иумӕйаг уыд. 45 Уӕй кодтой сӕ мулк ӕмӕ ӕхца уӕрстой алкӕуыл дӕр, чи цас хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ. 46 Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы. 47 Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia