Апостолты хъуыддӕгтӕ 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавел Эфесы 1 Аполлос Коринфы куы уыд, уыцы рӕстӕг Павел ахызти хӕхбӕстӕтыл ӕмӕ ӕрцыд Эфесмӕ. Уым фембӕлд цалдӕр ахуыргӕнинагыл 2 ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уды кой мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам». 3 Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уыл цавӕр аргъуыдӕй саргъуыдӕуыд?» Уыдон дзуапп радтой: «Иоанны аргъуыдӕй». 4 Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоныл. Уый дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома Йесойыл». 5 Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Бардарӕг Йесойы номыл. 6 Павел сыл йӕ къухтӕ куы авӕрдта, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын сты, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын. 7 Уыдысты иу-дыууадӕс лӕджы бӕрц. 8 Павел ацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕдӕрсгӕ пехуымпариуӕг кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ӕууӕндын кодта. 9 Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъӕддыхӕй ныхмӕ куы лӕууыдысты, куы не ’ууӕндыдысты ӕмӕ адӕмы раз ӕргом куы фаудтой Бардарӕджы фӕндаг, уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон семӕ ныхас кодта Тиранны скъолайы. 10 Афтӕ ахаста дыууӕ азы, ӕмӕ Азийы ӕппӕт цӕрджытӕ — иудейӕгтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр — фехъуыстой Бардарӕджы ныхас. Скевӕйы фырттӕ 11 Хуыцау Павелы уылты арӕзта ӕнахуыр диссӕгтӕ. 12 Рынчынтыл-иу ӕрӕвӕрдтой Павелы къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ раздарӕнтӕ, ӕмӕ-иу адзӕбӕх сты сӕ низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ-иу рацыдысты сӕ хуылфӕй. 13 Иудейаг хӕтӕг кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ ацархайдтой Бардарӕг Йесойы номӕй пайда кӕныныл — дӕлимонты-иу куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй». 14 Афтӕ кодтой цавӕрдӕр иудейаг алчер Скевӕйы авд фырты дӕр. 15 Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?» 16 Уӕд сыл, ӕнӕзӕгъинаг кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг йӕхи ныццавта ӕмӕ сын ахӕм над скодта, ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй лидзӕг фесты бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй. 17 Уыцы хабар айхъуыст Эфесы ӕппӕт цӕрджытыл — иудейӕгтыл дӕр ӕмӕ муртаттӕгтыл дӕр, се ’ппӕты дӕр тас бацыд, ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ном кадджынӕй-кадджындӕр кодта. 18 Чи баууӕндыд, уыдонӕй-иу бирӕтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕргом кодтой се ’взӕр митӕ. 19 Кӕлӕнгӕнджытӕй бирӕтӕ иу ранмӕ ӕрбахастой сӕ чингуытӕ ӕмӕ сӕ басыгътой ӕппӕт адӕмы раз. Чингуыты аргъ куы банымадтой, уӕд рауад дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мин драхмӕйы. 20 Афтӕ Бардарӕджы ныхас парахатдӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр кодта. Змӕст Эфесы 21 Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр». 22 Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофей ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Азийы. 23 Уыцы рӕстӕг стыр змӕст ӕрцыди Бардарӕджы Фӕндаджы ныхмӕ. 24 Иу зӕрингуырд, йӕ ном — Димитрий, ӕвзистӕй кодта сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат. 25 Димитрий уыдоны дӕр ӕмӕ ма ӕндӕр ӕрмдӕсныты дӕр ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Хорз адӕм, сымах зонут, нӕ фӕрныг цард ацы куыстӕй аразгӕ кӕй у. 26 Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ. 27 Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр сылгоймаг-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы сылгоймаг-хуыцауӕн». 28 Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Кадджын уӕд Стыр Эфесаг Артемидӕ!» 29 Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг ауади. Адӕм ӕрцахстой Павелы македойнаг ӕмбӕлццӕттӕ Гайос ӕмӕ Аристархы ӕмӕ ӕмгуылфӕй атындзыдтой театрмӕ. 30 Павелы фӕндыд адӕммӕ рацӕуын, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой. 31 Асиаг хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ — йӕ хӕлӕрттӕ — арвыстой Павелмӕ ӕмӕ дзы куырдтой, театрмӕ ма рацу, зӕгъгӕ. 32 Ныр адӕмӕй иутӕ иу хъӕр кодтой, иннӕтӕ та — иннӕ. Кӕрӕдзийы нал ӕмбӕрстой, сӕ фылдӕр нӕ зыдтой, цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд сты, уый. 33 Иудейӕгтӕ размӕ рацӕуын кодтой Александры. Уый йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй адӕм басабыр уой, ӕмӕ хъавыди дзыллӕйы раз йӕхиуӕтты сраст кӕнынмӕ. 34 Фӕлӕ, иудейаг кӕй у, уый куы базыдтой, уӕд дыууӕ сахаты бӕрц ӕмхъӕр кодтой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!» 35 Сахары хицӕуттӕй иу ӕрсабыр кодта адӕмы ӕмӕ загъта: «Эфесӕгтӕ, чи уӕ нӕ зоны, Эфесы сахар стыр Артемидӕйы кувӕндонӕн ӕмӕ, уӕларвӕй чи ӕрхауд, йӕ уыцы фӕлгонцӕн лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый? 36 Ӕмӕ кӕд уый дызӕрдыггаг нӕу, уӕд хъуамӕ уат сабыр ӕмӕ сӕртӕг митӕй уӕхи бахизат. 37 Сымах та ӕрбакодтат, кувӕндон дӕр чи нӕ фӕкъахта ӕмӕ нын нӕ сылгоймаг-хуыцауы дӕр чи нӕ фаудта, уыцы лӕгты. 38 Кӕд Димитрий ӕмӕ иннӕ ӕрмдӕснытӕ искӕмӕй хъаст кӕнынц, уӕд ис тӕрхондӕттӕ, ис хицӕуттӕ — уырдӕм бахъаст кӕнӕнт. 39 Кӕд уын уый фаг нӕу, уӕд, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фарстӕн алыггӕнӕн ис адӕмон ӕмбырды. 40 Махӕн тӕссаг у, абон цы змӕст ӕрцыд, уый тыххӕй нӕ куы фӕзылын кӕной, уымӕй. Ацы змӕстӕн ӕфсон нӕй, ӕмӕ нӕхи сраст кӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ ауагъта адӕмы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia