Апостолты хъуыддӕгтӕ 18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПавел Коринфы 1 Уый фӕстӕ Павел ныууагъта Афинтӕ ӕмӕ араст ис Коринфмӕ. 2 Уым сӕмбӕлди, йӕ ном Акилӕ кӕмӕн уыд, ахӕм цавӕрдӕр понтаг иудейагыл йӕ ус Прискиллӕимӕ. Уыдон ӕрӕджы ӕрцыдысты Италийӕ, уымӕн ӕмӕ, кесӕр Клавдийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт иудейӕгтӕ дӕр хъуамӕ Ромӕй ацыдаиккой. Павел ӕрбацыди уыдонмӕ, 3 баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын. 4 Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейӕгты ӕмӕ муртаттӕгты баууӕндын кӕныныл. 5 Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл. 6 Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын». 7 Павел араст уырдыгӕй ӕмӕ ӕрцыди, Хуыцауы чи нымадта, иу ахӕм лӕджы хӕдзармӕ, йӕ ном — Титий Иуст; йӕ хӕдзар уыди синагогӕйы фарсмӕ. 8 Синагогӕйы хицау Крисп йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой. 9 Иу хатт ӕхсӕвы Павелмӕ фӕзынд Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур ӕнӕрынцайгӕйӕ. 10 Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм фыдбылыз саразынмӕ никӕй къух баххӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ацы сахары бирӕ адӕм ис». 11 Ӕмӕ дзы Павел баззад афӕдз ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы, адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы Дзырдыл. 12 Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ, 13 ацы лӕг Хуыцаумӕ кувыныл Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ахуыр кӕны, зӕгъгӕ. 14 Павел йӕ дзых дӕр нӕма байгом кодта, афтӕ Галлион иудейӕгтӕн загъта: «Иудейӕгтӕ, исты фыдбылыз кӕнӕ фыдракӕнд куы ӕрцыдаид, уӕд мын ӕфсон уыдаид сымахмӕ байхъусынӕн. 15 Фӕлӕ кӕд ныхӕстыл, нӕмттыл ӕмӕ уе ’Гъдауыл у уӕ быцӕу, уӕд уӕ бар уӕхи. Ахӕм хъуыддӕгты уын ӕз тӕрхонгӕнӕг нӕ уыдзынӕн». 16 Уыйадыл сӕ тӕрхондонӕй ратардта. 17 Уӕд иууылдӕр синагогӕйы хицау Сосфеныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ тӕрхондоны раз нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ Галлион уый хъуыды дӕр не ’ркодта. Павел ӕрбаздӕхт Антиохимӕ 18 Павел Коринфы дзӕвгар бафӕстиат, стӕй хӕрзбон загъта ӕфсымӕртӕн ӕмӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕимӕ науы ацыди Сиримӕ. Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ балцы размӕ Кенхрейы алвыдта йӕ сӕр. 19 Бахӕццӕ сты Эфесмӕ. Уым ныууагъта Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы, йӕхӕдӕг та синагогӕмӕ бацыд ӕмӕ иудейӕгтимӕ ныхас кӕнын райдыдта. 20 Уыдон ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕм иу цасдӕр афӕстиат уа, фӕлӕ Павел не сразы. 21 Цӕуыны размӕ сын загъта: «[Цы бӕрӕгбон ӕрхӕццӕ кӕны, уый ӕз ӕнӕмӕнг Йерусалимы хъуамӕ арвитон.] Хуыцауы фӕндӕй та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн». Ӕмӕ науы ацыдис Эфесӕй. 22 Кесарийы рахызти науӕй ӕмӕ ӕрцыд Йерусалиммӕ. Уым аргъуаны фембӕлд уырнджытимӕ ӕмӕ араст Антиохимӕ. 23 Иу цасдӕр дзы куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ ӕрзылди Галати ӕмӕ Фригийы бӕстӕтыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад. Аполлос амоны Эфесы 24 Иу цавӕрдӕр александриаг иудейаг, йӕ ном — Аполлос, ӕрцыд Эфесмӕ. Аполлос уыди дзырдарӕхст лӕг, хорз зыдта Сыгъдӕг Фыст. 25 Бардарӕджы фӕндаг цы у, уый йын бацамындӕуыд, ӕмӕ Йесойы тыххӕй дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта тынг зӕрдиагӕй, стӕй раст, кӕд ӕрмӕст Иоанны аргъуыд зыдта, уӕддӕр. 26 Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг. 27 Ахаймӕ цӕуыны фӕнд ӕм куы фӕзынд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой, стӕй ныффыстой ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй йыл баузӕлой. Уырдӕм куы ӕрцыд, уӕд тынг ахъаз фӕци, Хуыцауы хорзӕхы руаджы чи баууӕндыд, уыдонӕн. 28 Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейӕгты — Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia