Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фессалоникӕйы

1 Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфипол ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыдис иудейаг синагогӕ.

2 Павел ацы хатт дӕр раздӕрау бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Сыгъдӕг Фысты тыххӕй;

3 ӕмбарын сын ӕй кодта ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй баууӕндой: Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.

4 Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Семӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы муртаттӕгтӕй тынг бирӕ, стӕй кадджын сылгоймӕгтӕй дзӕвгар.

5 Уӕд иудейӕгтӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй, сахары фӕзы ӕнаккаг адӕмӕй чи уыд, уыдонӕй цалдӕры семӕ райстой ӕмӕ ӕгас сахар сызмӕстой. Балӕбурдтой Йасоны хӕдзармӕ ӕмӕ хъавыдысты Павел ӕмӕ Силӕйы адӕмы размӕ ракӕнын.

6 Куынӕ сӕ ссардтой, уӕд Йасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон хъӕр систой: «Ацы адӕм ӕгас дуне сызмӕстой, ныр та ардӕм ӕрбацыдысты.

7 Йасон сӕ суазӕг кодта. Уыдон халынц кесӕры уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах — Йесо».

8 Афтӕмӕй сызнӕт кодтой, чи сӕм хъуыста, уыцы адӕмы ӕмӕ сахары хицӕутты.

9 Хицӕуттӕ Йасонӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр цъынды райстой ӕхца ӕмӕ сӕ рауагътой.


Верийы сахары

10 Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.

11 Вериӕгтӕ фессалоникӕгтӕй уӕздандӕр разындысты: Хуыцауы Дзырдмӕ хъуыстой тынг зӕрдиагӕй; Павел ӕмӕ Силӕ раст амонынц ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ӕрвылбон иртӕстой Сыгъдӕг Фыст.

12 Уыдонӕй баууӕндыдысты бирӕтӕ, стӕй ма бердзенаг кадджын сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй дӕр дзӕвгар.

13 Павел Хуыцауы Дзырд Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын.

14 Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.

15 Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй бахӕццӕ кодтой Афинтӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Павел сын Силӕ ӕмӕ Тимофейы тыххӕй бафӕдзӕхста, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕм ӕвӕстиатӕй рацӕуӕнт, зӕгъгӕ.


Павел — Афинты

16 Павел сӕм ӕнхъӕлмӕ каст Афинты ӕмӕ фыхти фыр мӕстӕй, уымӕн ӕмӕ уыдта, сахар гуымирытӕй йемыдзаг кӕй уыд, уый.

17 Павел синагогӕйы ныхас кодта иудейӕгтимӕ ӕмӕ Хуыцауы нымайӕг бердзенӕгтимӕ, стӕй, Павелыл ӕрвылбон сахары фӕзы чи ӕмбӕлд, уыдонимӕ.

18 Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.

19 Уыдон Павелы ахуыдтой Ареопагмӕ ӕмӕ йын дзырдтой: «Ды цы ног ахуырад амоныс, уый базонын нӕ бон у?

20 Дӕуӕй цыдӕр ӕнахуыр диссаг хъусӕм, ӕмӕ цы у, уый базонын нӕ фӕнды».

21 Афинӕгтӕ ӕмӕ уым цӕрӕг фӕсарӕйнӕгтӕ сӕ рӕстӕг хуыздӕрӕн ӕрвыстой исты ног хабӕрттӕ дзургӕйӕ кӕнӕ сӕм хъусгӕйӕ.

22 Павел слӕууыд Ареопагы астӕу ӕмӕ загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын: сымах тынг диныл хӕст адӕм стут.

23 Ӕз зылдтӕн сахарыл ӕмӕ уын федтон уӕ кувӕндӕттӕ. Нывондхӕссӕнтӕй иуыл фыст уыдис афтӕ: „Ӕнӕзонгӕ Хуыцауӕн“. Уӕдӕ, нӕ Йӕ зонут, афтӕмӕй Кӕмӕ кувут, ӕз уын Уый тыххӕй дзурын.

24 Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг — къухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры.

25 Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй адӕймаджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, царды комулӕфт ӕмӕ алцыдӕр Йӕхӕдӕг дӕтты.

26 Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.

27 Цӕмӕй агурой Хуыцауы, сӕ бон Ӕй уа банкъарын ӕмӕ ссарын, кӕд махӕй алкӕмӕ дӕр дард нӕу, уӕддӕр.

28 Йӕ фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ удӕгас стӕм, уӕ поэттӕй иуӕй-иутӕ куыд загътой, афтӕ: „Мах Йӕ хъӕбултӕ стӕм“.

29 Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн.

30 Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куынӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын.

31 Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».

32 Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».

33 Уӕд сӕ Павел ныууагъта.

34 Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ баиу сты Павелимӕ ӕмӕ баууӕндыдысты; уыдонимӕ уыдысты Ареопагы уӕнг Дионисий, стӕй, Дамар чи хуынди, уыцы сылгоймаг ӕмӕ иннӕтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan