Апостолты хъуыддӕгтӕ 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстТимофей баиу Павел ӕмӕ Силӕимӕ 1 Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг. 2 Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ. 3 Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым иудейӕгтӕ кӕй царди, уымӕ гӕсгӕ Тимофейӕн сунӕт скодта, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд муртаттаг кӕй уыд, уый. 4 Иу сахарӕй иннӕмӕ цыдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, цӕмӕй, апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ Йерусалимы цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон ӕххӕст кӕной. 5 Афтӕмӕй фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, бонӕй-бон фылдӕр кодта уырнджыты нымӕц. 6 Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын. 7 Мисийы арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд архайдтой Вифинимӕ ацӕуыныл, фӕлӕ сӕ Йесойы Уд уырдӕм нӕ бауагъта. 8 Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрбахӕццӕ сты Троадӕмӕ. 9 Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн». 10 Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд мах нӕхи срӕвдз кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ — бамбӕрстам, Хуыцау нӕм уырдӕм Фарны Уац фӕхӕссынмӕ кӕй фӕсидти, уый. Лидиа баууӕндыд Хуыцауыл 11 Араст стӕм Троадӕйӕ ӕмӕ ӕмраст бацыдыстӕм Самофракимӕ, уырдыгӕй дыккаг бон — Неапольмӕ, 12 уырдыгӕй та — ромаг колони Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны, 13 сабаты та ацыдыстӕм фӕссахармӕ, цӕугӕдоны цурмӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыди, уырдӕм. Ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныхас кодтам, чи ӕрӕмбырд, уыцы сылгоймӕгтимӕ. 14 Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй иу сылгоймаг, Хуыцауӕн аргъуыц чи кодта, ахӕм, йӕ ном — Лидиа, сӕнт сырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Бардарӕг ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, ӕмӕ йӕм Павелы ныхӕстӕ тынг бахъардтой. 15 Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта. Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой 16 Иу хатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг. 17 Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Иууылбӕрзонд Хуыцауы цагъартӕ сты; уыдон уын фервӕзыны фӕндаг амонынц». 18 Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел ӕппынфӕстаг смӕсты, акасти фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын бардзырд дӕттын: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайсахат рацыд. 19 Се ’фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, чызджы хицӕуттӕ уый куы федтой, уӕд Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, лӕгдыхӕй сӕ акодтой сӕйраг фӕзмӕ, сахары сӕргълӕуджытӕм. 20 Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ сты иудейӕгтӕ ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар. 21 Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, сӕрмӕхӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ». 22 Адӕм дӕр Павел ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ фесты. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕдувой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой. 23 Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой, къӕрцхъусӕй сӕ куыд хъахъхъӕна. 24 Уый ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ. 25 Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой. 26 Ӕваст зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындурӕй нызмӕлыд. Уайсахат байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты. 27 Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыди йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты. 28 Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!» 29 Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта ахӕстонмӕ ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста. 30 Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы амал ис?» 31 Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Бардарӕг Йесойыл ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ хӕдзаронтӕ дӕр». 32 Хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронтӕн Павел ӕмӕ Силӕ фӕцамыдтой Бардарӕджы ныхас. 33 Хъахъхъӕнӕг сӕ ӕхсӕвы тӕккӕ уыцы сахатыл ракодта, цӕхсадта сын сӕ хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ ӕвӕстиатӕй аргъуыд райста йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронтӕ дӕр. 34 Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цин кодта йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй. 35 Куы сбон ис, уӕд сахары хицӕуттӕ се ’ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ бардзырдимӕ: «Рауадзут уыцы лӕгты». 36 Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд, ӕмӕ цӕугӕут ныр фарнимӕ». 37 Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй». 38 Ӕрвыст лӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон, ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты, 39 Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Ракодтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм ныххатыдысты, цӕмӕй сахарӕй ацӕуой. 40 Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia