Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕмбырд Йерусалимы

1 Иудейӕ чидӕртӕ ӕрбацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕн райдыдтой амонын: «Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сунӕт куынӕ скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут».

2 Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.

3 Аргъуан сӕ фӕндагмӕ срӕвдз кодта, ӕмӕ ацыдысты Финики ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕгтӕ кӕй здӕхынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин.

4 Йерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй.

5 Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.

6 Апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты уыцы хъуыддаг равзарынмӕ.

7 Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕгтӕ мӕ дзыхӕй фехъусой Фарны Уац ӕмӕ баууӕндой.

8 Ӕмӕ зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттӕгтыл кӕй ауды, уый равдыста, уыдонӕн дӕр махау Сыгъдӕг Уд кӕй балӕвар кодта, уымӕй.

9 Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ.

10 Ныр Хуыцауы цӕмӕн къахут? Нӕдӕр нӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр мах кӕй нӕ бафӕрӕзтам хӕссын, уыцы ӕфсондз ахуыргӕнинӕгты ӕккой цӕмӕн ӕвӕрут?

11 Мах куы ӕууӕндӕм, уыдонау кӕй фервӕздзыстӕм ӕрмӕст Бардарӕг Йесойы хорзӕхы руаджы».

12 Уӕд се ’ппӕт дӕр ныссабыр сты ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕгтӕм кӕй сарӕзта, уыцы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгты тыххӕй.

13 Сӕ ныхас куы фесты, уӕд райдыдта дзурын Йаков: «Ӕфсымӕртӕ, байхъусут мӕм.

14 Симон нын радзырдта, Хуыцау райдианы муртаттӕгтӕм куыд ӕркасти, уый, цӕмӕй Йӕхицӕн уыдонӕй адӕм сӕвзара.

15 Уыимӕ разы кӕнынц пехуымпарты ныхӕстӕ дӕр. Фыст у:

16 „Уый фӕстӕ Ӕз раздӕхдзынӕн ӕмӕ ногӕй сӕвӕрдзынӕн Давиды хауд цатыр. Йӕ хӕлддзӕгтӕй йӕ сырӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ сног кӕндзынӕн,

17 цӕмӕй Дунедарӕгмӕ тырной иннӕ адӕмтӕ, ӕппӕт муртаттӕгтӕ, кӕмӕ фӕсидтӕн ӕмӕ Мӕ дӕлбар чи ис, уыдон иууылдӕр. Афтӕ зӕгъы Бардарӕг,

18 ӕппӕт уыдӕттӕ рагзаманы Чи раргом кодта, Уый“.

19 Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм.

20 Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн кӕй ӕрхастой ӕмӕ уый аххосӕй чи фӕчъизи, уыцы хойраг хӕрынӕй, хъахбайдзинадӕй, хӕдмӕл дзидза ӕмӕ туг хӕрынӕй [стӕй, сӕхицӕн сӕ цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнӕнт].

21 Моисейы Ӕгъдау рагӕй-ӕрӕгмӕ алы сахары дӕр куы амонынц ӕмӕ йӕ синагогӕты алы сабат дӕр куы кӕсынц».


Фыстӕг, чи баууӕндыд, уыцы муртаттӕгтӕм

22 Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.

23 Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе ’фсымӕртӕй — Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи аздӕхт, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут.

24 Ӕрбайхъуысти нӕм, махӕй чи ацыд, уыдонӕй уӕ чидӕртӕ сӕ ныхӕстӕй фӕкъуыхцы кодтой ӕмӕ уын змӕнтынц уӕ зонд [сымах хъуамӕ кӕнат сунӕт ӕмӕ хӕцат Моисейы Ӕгъдауыл, зӕгъгӕ]. Фӕлӕ сын мах ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхстам.

25 Уымӕ гӕсгӕ мах ӕмзӕрдӕйӕ бауынаффӕ кодтам цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ уӕм сӕ нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ Варнавӕ ӕмӕ Павелимӕ арвитын —

26 уыцы дыууӕ адӕймаджы сӕ цард снывонд кодтой нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номы сӕраппонд лӕггад кӕнынӕн.

27 Уӕдӕ уӕм ӕрвитӕм Иудӕ ӕмӕ Силӕйы — уыдон ма уын сӕхӕдӕг дӕр радзурдзысты, мах уӕм цы ныффыстам, уый.

28 Сыгъдӕг Удимӕ иумӕ мах аскъуыддзаг кодтам ӕмӕ уыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрӕм, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:

29 мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл дзидза хӕрынӕй, стӕй хъахбайдзинадӕй хи хизын [ӕмӕ, уӕхицӕн уӕ цы нӕ фӕнды, уый искӕмӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон».

30 Ӕрвыст ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты Антиохимӕ, ӕрӕмбырд кодтой уырнджыты ӕмӕ сӕм радтой фыстӕг.

31 Уыдон фыстӕг куы бакастысты, уӕд бацин кодтой — ацы хабарӕй разыйӕ баззадысты.

32 Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл.

33 Уым фесты иу цасдӕр, стӕй сӕ ӕфсымӕртӕ фарнимӕ афӕндараст кодтой сӕ рарвитджытӕм.

34 [Фӕлӕ Силӕйы бафӕндыд уым баззайын.]

35 Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Бардарӕджы ныхас.


Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕхицӕн сты

36 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».

37 Варнавӕйы фӕндыд, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны дӕр ма семӕ акӕнын.

38 Фӕлӕ Павел разы нӕ уыд, Памфилийы сӕ чи ныууагъта ӕмӕ семӕ кусын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы адӕймаджы акӕныныл.

39 Павел ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл Кипрмӕ ацыд.

40 Павел та ӕмбӕлццонӕн сӕвзӕрста Силӕйы, ӕфсымӕртӕ йӕ бафӕдзӕхстой Бардарӕджы хорзӕхыл, ӕмӕ араст.

41 Павел цыди Сири ӕмӕ Киликийыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл фидар кодта аргъуантӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan