Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Апостолты хъуыддӕгтӕ 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Павел ӕмӕ Варнавӕ — Иконийы

1 Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийы дӕр бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ, амыдтой афтӕ, ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕгтӕй тынг бирӕ баууӕндыд Йесойыл.

2 Хуыцауы Дзырдӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейӕгтӕ та сызмӕстой муртаттӕгты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.

3 Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Бардарӕджы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Бардарӕг ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй.

4 Сахары адӕм фӕдих сты: иутӕ иудейӕгты фарс уыдысты, иннӕтӕ та — апостолты.

5 Муртаттӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ сӕ хистӕртимӕ скодтой апостолты бафхӕрыны ӕмӕ сӕ дуртӕй амарыны фӕнд.

6 Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылӕйттӕм.

7 Ам дӕр хъусын кодтой Фарны Уац.


Листрӕ ӕмӕ Дервийы

8 Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзухдӕр бадгӕ кодта, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.

9 Павел куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыста. Павел ӕм ӕдзынӕг ныккаст ӕмӕ федта: уыцы лӕгмӕ ис, кӕй фӕрцы сдзӕбӕх уа, ахӕм уырнындзинад.

10 Уӕд ын Павел хъӕрӕй загъта: «Слӕуу дӕ къахыл». Уый уайтагъд фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын.

11 Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»

12 Ӕмӕ Варнавӕйы хуыдтой Зевс, Павелы та — Гермес, уымӕн ӕмӕ ныхас фылдӕр уый кодта.

13 Сахары кулдуары размӕ Зевсӕн цы кувӕндон уыд, уый дзуарылӕг та кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ ӕмӕ ӕрбахаста дидинӕгбыдтӕ, йӕ зӕрды уыди нывонд ӕрхӕссын адӕмимӕ.

14 Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой:

15 «Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.

16 Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар.

17 Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».

18 Уыцы ныхӕсты фӕрцы дӕр зынтӕй баурӕдтой адӕмы, цӕмӕй сын нывонд ма ӕрхӕссой.

19 Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейӕгтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты, амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау фӕссахармӕ аластой.

20 Фӕлӕ йыл ахуыргӕнинӕгтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Павел сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ ацыди сахармӕ. Дыккаг бон Варнавӕимӕ араст Дервимӕ.


Апостолтӕ ӕрбаздӕхтысты Антиохимӕ

21 Уыцы сахармӕ Фарны Уац ӕрхастой ӕмӕ бирӕты скодтой ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Листрӕмӕ, уырдыгӕй та — Иконимӕ ӕмӕ Антиохимӕ.

22 Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.

23 Алы аргъуанӕн дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ сын скуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Бардарӕгыл.

24 Апостолтӕ ахызтысты Писидийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Памфилимӕ.

25 Пергийы фӕцамыдтой Хуыцауы ныхас, стӕй ацыдысты Атталимӕ.

26 Уырдыгӕй денджызыл сӕ фӕндаг адардтой Антиохимӕ ӕмӕ уым сӕххӕст кодтой, Хуыцауы хорзӕхыл бафӕдзӕхсгӕйӕ сын цы хъуыддаг бабар чындӕуыд, уый.

27 Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, стӕй муртаттӕгтӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй.

28 Павел ӕмӕ Варнавӕ уым дзӕвгар рӕстӕг арвыстой ахуыргӕнинӕгтимӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan