Апостолты хъуыддӕгтӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл. 2 Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы». 3 Ком дарын ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой. Апостолтӕ Хуыцауы ныхас амонынц Кипры 4 Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ. 5 Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты Хуыцауы ныхас амыдтой. Семӕ ма уыдис Иоанн дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кодта. 6 Ахызтысты ӕгас сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном — Вар-Йесо. 7 Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, тынг зондджын лӕджы, ӕввахсдӕр адӕмӕй иу. Сергий Павел фӕсидти Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын. 8 Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа. 9 Фӕлӕ Савл (Павел дӕр ма йӕ хуыдтой) схайджын ис Сыгъдӕг Удӕй, ӕдзынӕг ныккаст Елимамӕ 10 ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы лӕппын, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Бардарӕджы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ? 11 Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта. 12 Сергий Павел, цы ӕрцыди, уый куы федта, уӕд, Бардарӕджы тыххӕй цы ахуырад базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта, ӕмӕ баууӕндыд. Апостолтӕ Писидиаг Антиохийы 13 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ науыл ацыдысты Пафӕй ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн уыдонӕй фӕхицӕн ӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ. 14 Уыдон та Пергийӕ араст сты дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты писидиаг сахар Антиохимӕ. Сабаты бацыдысты синагогӕмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадтысты. 15 Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут». 16 Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй ацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! 17 Израилаг адӕмы Хуыцау, нӕ Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ, израилӕгтӕ ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй Йӕ хъомысджын къухӕй рахуыдта. 18 Дыууиссӕдз азы дӕргъы сын быхста ӕдзӕрӕг быдыры. 19 Ӕмӕ Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы ныццагъта, уӕд сын сӕ зӕхх израилӕгтӕн радта. 20 Афтӕ рацыд цыппарсӕдӕ фӕндзай азы. Уый фӕстӕ сын, пехуымпар Самуелы заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ. 21 Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн паддзах куырдтой, ӕмӕ сын Хуыцау Бениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кишы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы. 22 Стӕй йӕ Хуыцау ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахдзинадӕй ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон Давиды, Йессейы фырты. Уый у, Мӕ зӕрдӕйӕн ӕхцон чи у, ахӕм адӕймаг — уый Мын Мӕ алы фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзӕн“. 23 Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы. 24 Йе ’рцыды хӕдразмӕ Иоанн ӕппӕт израилаг адӕммӕ сидтис тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ. 25 Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг Кӕмӕн нӕ дӕн, Уый“. 26 Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у. 27 Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй. 28 Мӕлӕты аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын. 29 Йесойы тыххӕй цы фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы. 30 Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта. 31 Бирӕ бонты дӕргъы Йесо Йӕхи ӕвдыста Галилейӕ Йерусалиммӕ Йемӕ цӕуджытӕн. Ныр уыдон Йесойы тыххӕй нӕ адӕмӕн ӕвдисӕн лӕууынц. 32 Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы Фарны Уац: Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, — Йесойы мӕрдтӕй райгас кодта, 33 дыккаг псаломы куыд фыст ис, афтӕ: „Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ“. 34 Хуыцау Ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта ӕмӕ Йын бамбийӕн кӕй нӕ уыдзӕн, уый тыххӕй та загъта афтӕ: „Давидӕн зӕрдӕ цы уаз хорзӕхтӕй бавӕрдтон — аивӕн сын нӕй, сымахӕн сӕ ратдзынӕн“. 35 Уымӕ гӕсгӕ иннӕ ран загъдӕуы: „Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ингӕны ӕмбийын“. 36 Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди. 37 Хуыцау Кӕй райгас кодта, Уый та нӕ бамбыди. 38 Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахмӕ фӕхӕццӕ ис тӕригъӕдтӕ ныббарыны уац. 39 Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йесойы фӕрцы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр. 40 Уӕдӕ уӕхи хизут, цӕмӕй уыл пехуымпары ныхас ма ӕрцӕуа: 41 „Кӕсут-ма, ӕнӕввӕрсонтӕ! Стыр дисы бафтут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг аразын, ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид“». 42 Павел ӕмӕ Варнавӕ синагогӕйӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд сӕм муртаттӕгтӕ хатыдысты, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй дзурой иннӕ сабаты дӕр. 43 Ӕмбырд куы ахӕлиу, уӕд иудейӕгтӕ, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг диныл чи ныххӕцыд, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл ацыдысты. Павел ӕмӕ Варнавӕ ныхас кодтой семӕ ӕмӕ сӕм хатыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл фидар хӕцой. 44 Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд ис Хуыцауы ныхасмӕ хъусынмӕ. 45 Иудейӕгтӕ уый бӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой; Павел цы загъта, уыдӕтты ныхмӕ дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой. 46 Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм. 47 Уымӕн ӕмӕ нын Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕгтӕн рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕрӕттӕм адӕм фервӕзой Дӕ фӕрцы“». 48 Уыцы ныхӕстӕ муртаттӕгтӕн циндзинад ӕрхастой, кад кодтой Дунедарӕджы ныхасӕн, ӕмӕ, Хуыцау мыггагмӕйы цардӕн кӕй сӕвзӕрста, уыдон се ’ппӕт дӕр баууӕндыдысты. 49 Афтӕ Дунедарӕджы ныхас парахат кодта ӕппӕт бӕстӕйы. 50 Фӕлӕ иудейӕгтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты. Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл зилын райдыдтой, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардтой. 51 Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ацагътой сӕ къӕхты рыг ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ. 52 Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты йемыдзаг цинӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia