Апостолты хъуыддӕгтӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПетр ахӕстоны 1 Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты фӕдыл зилын. 2 Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Йаковы. 3 Ацы хъуыддаг иудейӕгтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг. 4 Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд. 5 Петры дардтой ахӕстоны, аргъуан та уыцы рӕстӕг Петры тыххӕй зӕрдиагӕй куывта Хуыцаумӕ. Зӕд суӕгъд кодта Петры 6 Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой. 7 Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Ӕмӕ рӕхыстӕ Петры цӕнгтӕй ӕрхаудтой. 8 Зӕд ын загъта: «Дӕ рон ӕрбабӕтт ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл». 9 Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не ’мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕг кӕй у — ӕнхъӕл уыдис, ӕмӕ йӕ цӕстытыл уайы. 10 Хъахъхъӕнджыты фыццаг ӕмӕ дыккаг къордты рӕзты куы аивгъуыдтой, уӕд бахӕццӕ сты, сахармӕ кӕуылты цыдысты, уыцы ӕфсӕн кулдуармӕ. Дуар сын йӕхӕдӕг байгом, рахызтысты ӕддӕмӕ ӕмӕ, иу уынг куы ауадысты, уӕд зӕд ӕваст ӕрбацыдӕр. 11 Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр мӕ ӕцӕг уырны: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй». 12 Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст ис, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой. 13 Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Родӕ. 14 Уый Петры йӕ хъӕлӕсӕй базыдта, фӕлӕ фыр цинӕй кулдуар нӕ фегом кодта, афтӕмӕй базгъордта фӕстӕмӕ — Петр дуармӕ кӕй лӕууы, уый фехъусын кӕнынмӕ. 15 Уыдон ын загътой: «Дӕ зонд фӕцыди!» Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, уый ӕцӕг у, зӕгъгӕ. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у». 16 Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты. 17 Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ. 18 Куы ӕрбабон, уӕд ӕфсӕддонтӕ фӕдис систой: уӕдӕ Петр цы фӕуыдаид? 19 Ирод фӕцагуырдта Петры ӕмӕ йӕ куынӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат. Ироды мӕлӕт 20 Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты; балхӕдтой паддзахы галуаны уынаффӕгӕнӕг Бласты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг истой паддзахы бӕстӕйӕ. 21 Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ. 22 Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дзуры!» 23 Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа. 24 Хуыцауы ныхас та тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта. 25 Варнавӕ ӕмӕ Савл, цы сын бафӕдзӕхстой, уый куы сӕххӕст кодтой, уӕд Йерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты. Семӕ ракодтой, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia