Апостолты хъуыддӕгтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстПетры дзуапп уырнджытӕн 1 Муртаттӕгтӕ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый фехъуыстой, Иудейы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. 2 Ӕмӕ Петр Йерусалиммӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой: 3 «Ды ӕнӕсунӕт адӕммӕ уыдтӕ ӕмӕ семӕ хордтай». 4 Уӕд сын Петр райдыдта, хъуыддаг куыд рауад, уый тыххӕй бӕстон дзурын: 5 «Ӕз куывтон Яффойы сахары ӕмӕ федтон цӕстылуайӕн: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ. 6 Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ. 7 Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр“. 8 Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди“. 9 Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай“. 10 Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ. 11 Ӕмӕ уайсахат ӕртӕ лӕджы, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ ӕрбалӕууыдысты; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты. 12 Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнелийы хӕдзармӕ. 13 Корнелий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. 14 Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ де ’ппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ“. 15 Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ. 16 Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй“. 17 Мах Бардарӕг Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй радта, кӕд муртаттӕгтӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?» 18 Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕгтӕн дӕр радта тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны фадат, цӕмӕй мыггагмӕйы цард райсой». Аргъуан Антиохийы 19 Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн. 20 Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ киренӕйӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕгтӕн дӕр хъусын кодтой Фарны Уац Бардарӕг Йесойы тыххӕй. 21 Хуыцау сын хъару лӕвӕрдта, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой. 22 Уыцы хабар бахӕццӕ Йерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ. 23 Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион. 24 Варнавӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Бардарӕгыл баууӕндыдысты бирӕ адӕм. 25 Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыди Тарсмӕ — Савлы агурӕг. Ссардта йӕ ӕмӕ йемӕ акодта Антиохимӕ. 26 Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы. 27 Уыцы рӕстӕг Йерусалимӕй Антиохимӕ ӕрбацыдысты пехуымпартӕ. 28 Уыдонӕй иу, йӕ ном — Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн ӕххормаг заман. Йӕ рагуац сӕххӕст кесӕр Клавдийы заманы. 29 Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй. 30 Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia